Хъан
Хъан — рагзаманы-иу иу мыггаг суанг æндæр адæмыхаттæй дæр лæппу хъомыл кæнынмæ, хорз æгъдæуттыл сахуыр кæнынмæ, хæстон хъуыддæгтæ, хæцæнгарзимæ архайын базонынмæ, нæлгоймаджы куыстытыл фæцалх кæнынмæ радта иннæ мыггаджы хæдзармæ. Хъанæн кæд йæ хъомыладон хæстæ бирæ æмæ бæрнон уыдысты, уæддæр æй тынг буц дардтой бинонтæ. Къостайы æмдзæвгæ «Цъиу æмæ сывæллæтты» сывæллæттæ цъиуæн хуымæтæджы нæ зæгъынц: «Нæй, нæй! Ма тæрс, махмæ ды хъаны цард кæндзынæ». Хъаны лæппу-иу йæ ныййарджытæй сывæллонæй рацыд æмæ-иу сæм лæджы бындзæфхадæй æрбаздæхт. Уыимæ æнгом баста дыууæ мыггаджы кæрæдзиуыл. Уый уæлдай ахадгæдæр уыд, хъан-иу æндæр адæмыхаттæй куы уыд, уæд. Дыууæ адæмы æхсæн хæлардзинад тыдта.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.