Хъардантæ
Истори
ивынХъардантæ цалдæр æфсымæрæй цардысты Дæргъæвсгомы, Къæхтысæры. Ам кæимæдæр фæтуджджын сты, æмæ уымæ гæсгæ æфсымæртæй иу фæлыгъд Кæсæгмæ, иннæ дыууæ — Джызæлмæ, сæ иу та — Дыгургоммæ, Задæлескмæ. Ам ус ракуырдта, фæзынд ын цæуæт, цæуæты цæуæт. Фæстæдæр уыдонæй сæ иутæ фæлыгъдысты Мæздæгмæ, Цыколамæ, Чырыстонхъæумæ.
Хъардантæ Дыгуры комы куыд фæзындысты, уый тыххæй ма ис æндæр таурæгъ. Гуырдзыйы иу хъæуы царди Хъардантæй дыууæ æфсымæры. Иу бон Хъарданты дыууæ æфсымæры уынгы куы фæцæйцыдысты, афтæ сыл сыхæгты куыдз йæхи ныццавта æмæ сæ иуыл фæхæцыд. Иннæ æфсымæр хъамайæ куыдзы барæхуыста. Уæд куыдзы хицау топп раскъæфта, хæдзары тыргъæй фехста лæппуты æмæ дзы иуы амардта. Уый фæстæ Хъарданты иннæ æфсымæртæ бындзагъд ныккодтой сæ сыхæгты бинонты. Уымæ гæсгæ Хъардантæ уырдыгæй фæлыгъдысты. Сæ иу — Кæсæгмæ, дыууæйæ — Джызæлмæ, иннæтæ та — Дыгургоммæ, Задæлескмæ.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 174.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 136.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 101–102.