Хъарс (тур. Kars) у провинци (ил) Турчы цæгат-скæсæны.

Провинци
Хъарс
тур. Kars
40°27′17″ с. ш. 43°03′37″ в. д.HGЯO
Паддзахад Турк Турк
Админ. центр Хъарс
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 9442 км²
Сахатон таг TRT (UTC+3)
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 TR-36
Телефонон код 474
Посты индекстæ 36000–36999
Автомобилон код 36
Официалон сайт
Хъарс картæйыл
Хъарс картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Истори

ивын

1807-æм азы Уæрæсейы æфсад фыццаг хатт бабырста Хъарсмæ. XIX æнусы дæргъы уыди цалдæр ахæм цауы, æмæ 1878-æм азы, Сан-Стефанойы бадзырдмæ гæсгæ, сахар Хъарс æд алфамбылай зæххытæ сси Уæрæсейы империйы Хъарсы облæсты сæйраг сахар.

Уый фæстиуæгæн 1878-1881 азты 82 минæй фылдæр пысылмон уырнджытæ ралыгъдысты мидæггаг Туркмæ, уыдонæй 11 мины бæрц Хъарсы сахарæй. Уыцы иу рæстæг бирæ грекъæгтæ æмæ сомихæгтæ æрбалыгъди сахармæ Османты импери æмæ Фæскавказæй. 1892-æм азы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ Хъарсы облæсты цардысты: уырыссæгтæ (7%), грекъæгтæ (13,5%), курдæгтæ (15%), сомихæгтæ (21,5%), туркæгтæ (24%), карапапахæгтæ (азербайджайнæгтæм хæстæг этникон къорд; 14%) æмæ туркменæгтæ (5%). Уырыссаг æрбалидзджыты ’хсæн удимингай малакантæ æмæ духобортæ, уый тыххæй æмæ сæ пехуымпартæм гæсгæ Арараты алфамбылай, дам, сæвзæрдзæн ног адæймагад.

Уæрæсейаг дуджы Хъарсы сахар тынг райрæзтис: 1878-æм азы дзы цардис 8,7 мин адæймаджы, 1914-æм азы та — 54 мин (ома уæды Дзæуджыхъæуы æмиас уыди).

1918-æм азы мартъийы, Брест-Литовсчы фидыдмæ гæсгæ, Уæрæсе Османты империмæ фæстæмæ радта Хъарс, Батум æмæ Ардаган. Фæлæ уæдмæ Хъарсы æцæг тыхы уыдысты сомихаг æмæ уырыссаг æфсад. Туркæгты къухы бафтыдис Хъарс сæхицæн райсын 1918-æм азы апрелы, фæлæ уыцы азы октябры, бритайнаг æфсад хъуыддагмæ куы бацыд, сæ бахъуыд æй фæстæмæ радтын. 1919-æм азы Хъарс уыдис Сомихаг Республикæйы Вананды провинцийы сæйраг сахар.

1920-æм азы 30 октябры Хъарс бахаудис Турчы дæлбар[2], æмæ уæдæй фæстæмæ у уыцы паддзахады сконды. Дыккаг Дунеон хæсты фæстæ Советон Цæдисы æддаг хъуыддæгты министр Вячеслав Молотов туркаг минæвармæ загъта, Хъарсы алфамбылай зæхх фæстæмæ раттын хъæуы, зæгъгæ. Дыууæ паддзахады гæрзджын быцæумæ сæхи цæттæ кæнын байдыдтой, фæлæ хæст не ’рцыдис, сахар баззадис Турчы сконды.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. ТуркСтат — 1926.
  2. Хъарсы фæндагамонæн чиныг сахары официалон сайты(недоступная ссылка). Датæ: 2012-æм азы 7 апрелы. Архив 2009-æм азы 12 апрелы.