Хъороты Дауыт
Хъороты Гигойы фырт Дауыт (райгуырдис 1890-æм азы Хуссар Ирыстоны Ерманы хъæуы — амардис 1924-æм азы 10 декабры) у ирон фыссæг æмæ драматург.
Хъороты Дауыт | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1890 |
Мæлæты бон | 1924-æм азы 10 декабры |
Архайды хуыз | поэт |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Цардафыст
ивынДауыты фыд Гиго уыдис мæгуыр зæххкусæг лæг, бинонты фæдарын йæ бон нæ уыди æмæ ралыгъди Цæгат Ирыстонмæ, Алагирмæ. Дауыт райдытда кусын дуканийы цумайы лæппуйæ. Уыцы рæстæг йын-иу чиныгмæ æркæсыны фадат фæцис. Габо баныхас кодта сæ хъæуккаг ахуыргæнæг Дзасохты Алыксыимæ, цæмæй Дауытæн фыссын æмæ нымайын бацамона. Лæппу ахуыргæнæджы зæрдæмæ фæцыд йæ сæрæндзинадæй.
Дацыт ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы училищейы, каст фæцис Калачы бухгалтеры курсытæ. Уый фæстæ æххæст кодта алыхуызон æхсæнадон-культурон куыстытæ.
Фыссæг, æвæццæгæн, бирæ литературон бынтæ ныууагътаид, фæлæ йын 1924-æм азы декабры мæй æгъатыр мæллæт æнафон йæ цард аскъуыдта.
Хъороты Дауыты сфæлдыстады зынгæдæр бынат ахсынц йæ драмон уацмыстæ: «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди», «Дæсны», æмæ «Уарзæттæ» Уæлдай тынгдæр ын зонæм йæ пьесæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди». Ныффыста йæ 1910-æм азы. Мыхуыры рацыд 1913-æм азы. Йæ комеди уыцы рæстæджы тынг актуалон уыдис, равдыста нын, паддзахы чиновникæй ирон хъæуты чи уыди, ахæмты.