Хъуылатæ (уырыс. Кулаевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Хъаратæ, Гæбутæ, Хъуылатæ æмæ Себетты хонынц æрвадæлтæ, иу артæй байуаргæ æфсымæртæй равзæргæ мыггæгтæ. Равзæрдысты Ос-Бæгъатыры фырты фырт Цъæхилы дыккаг усæй, цардысты Дагомыхъæуы. Æфсымæртæ Дагомы сæ нæмттæй мыггæгтæ скодтой æмæ фæзындысты мыггæгтæ: Хъаратæ, Гæбутæ, Хъуылатæ æмæ Себеттæ. Сбирæ сты æмæ сын зæххытæ нал фаг кодтой. Уымæ гæсгæ ацыдысты Дыгуры коммæ, Лезгорыхъæумæ. Фæстæдæр Гæбутæ фæлыгъдысты Къæмунтыхъæумæ, Хъуылатæ та — Дымтæм, Хъаратæ баззадысты Лезгоры.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 140.