Хъуылаты Харитъоны фырт Никъала (райгуырдис 1913-æм азы 1 августы(19130801) Æрыдоны — амардис 1980-æм азы) у филологон зонæдты кандидат.

Цардафыст

ивын

Хъуылаты Никъала райгуырди Æрыдоны зæхкусæджы хæдзары. Æрыдоны астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд бацыд Хæххон хъæууонхæдзарадон институтмæ æмæ йæ каст фæци 1934 азы. 1936 азæй 1939 азмæ Никъала уыд Пятигорскы Хæххон историон-лингвистикон институты аспирант, стæй уыцы институт куы сæхгæдтой, уæд та ЦИНИИ-йы. 1939 азæй 1942 азмæ Никъала куыста Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæй, стæй та филологон факультеты деканы хæдивæгæй. Хъуылаты Никъала куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон рауагъдады сæйраг редакторæй, стæй та Цæгат Ирыстоны паддзахадон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй. 1952 азæй фæстæмæ Никъала куыста ЦИНИИ-йы. Никъала у цалдæр монографийы автор, ныффыста иуцалдæр хайы ирон æвзаджы грамматикæйæ, уыди «Ирон-уырыссаг» дзырдуаты стæй «Ирон диалектологийы хрестомати»-йы аразджытæй иу.

Литературæ

ивын
  • Некролог. Хъуылаты Никъала // Осетинская филология. — Орджоникидзе, 1981. — Вып. 2. — С. 139–140.