Гуымы Хъæрмæдон

(Пятигорск-æй æрвыст)

Гуымы Хъæрмæдон[2] кæнæ Гумы хъæрмæдон[3] (уырыс. Пятигорск) у Уæрæсейы сахар, Стъараполы крайы хуссары, Минеральные Водыйы агломерацийы. Цæрынц дзы 145,8 мин адæймаджы (2017). 2010-æм азы январæй Гуымы Хъæрмæдон у Цæгат Кавказы федералон зылды центр.

Сахар
Гуымы Хъæрмæдон
уырыс. Пятигорск
Тырыса Герб
Тырыса Герб
44°02′ с. ш. 43°03′ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Стъараполы край
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1780
Фыццаг кой XIV æнус
Раздæры нæмттæ Горячие Воды, Константиногорск
Сахар кæдæй 1830
Фæзуат
  • 97 км²
Центры бæрзæнд 500 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 144 955[1] адæймаджы (2023)
Национ сконд уырыс, сомих æмæ æнд.
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 8793
Посты индекстæ 357500
pyatigorsk.org(уырыс.)(англ.)
Гуымы Хъæрмæдон (Уæрæсе)
Гуымы Хъæрмæдон (Стъараполы край)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Стъараполæй Гуымы Хъæрмæдонмæ ис 196 километры. Гуымы Хъæрмæдонæн йе скæсæны æрбынат кодта Цæгат Кавказы стырдæр базар — «Предгорье» (зындгонд у куыд «Людмилæ»).

Гуымы Хъæрмæдонмæ хæстæг у хох Бестау (1401,2 м). Сахары арæны мидæг ис цалдæр хохы, уыдонæй зындгонддæр у Машук (993,7 м).

1903-æм азæй сахары цæуынц трамвайтæ. Ныртæккæ кусынц 8 маршруты, цæуыны мызд у 10 сомы (2010-æм азы 1 январæй).

Гуымы Хъæрмæдон зындгонд у йæ уæлдæр ахуыргæндæттæй, æдæппæт сты 17, æмæ дзы ахуыр кæнынц 40 мин студенты бæрц[4]. Æппæты зындгонддæр у Гуымы Хъæрмæдоны паддзахадон лингвистикон университет.

Сахары этникон сконд, 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ, у ахæм:

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года
  2. Байаты Гаппо. Хетæгкаты Къоста. Йæ цард æмæ йæ хъуыддæгтæ. Журнал «Мах дуг», 1999 аз, №10-11, 16-æм фарс
  3. Дзиццойты Ю. А. Нарты и их соседи: Географические и этнические названия в нартовском эпосе — Владикавказ: Алания, 1992, с.123
  4. Муниципальное образование город-курорт Пятигорск // Интернет-портал Ставропольского края(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (уырыс.)