Хъуылаты Созырыхъо

Хъуылаты Садуллæйы фырт Созырыхъо (Сикъо[1]) (райгуырдис 1900-æм азы Згъуыбиры — амардис 1937-æм азы) уыдис ирон фыссæг.

Хъуылаты Созырыхъо
Райгуырды датæ 1900
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1938
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Уацмысты æвзаг ирон æмæ уырыссаг

Цардафыст

ивын

Созырыхъо райгуырдис Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Созырыхъо ахуыр кодта Уанелы скъолайы[1], фæстæдæр Гуры гимназы, фæлæ йæ каст нæ фæциc.

Хæрз æрыгонæй фæцалх ис революцион куыстыл. Меньшевикты хицауады дзырдæй йæ дыууæ хатты æрцахстой, фæлæ та-иу ралыгъдис. Фæстагмæ баиу большевиктимæ æмæ рафтыдис Цæгат Кавказмæ. Уыдиc Сырх Æфсады эскадроны политразамонæг, урсгвардионты ныхмæ хæцыдиc Бургъустаны. 1923–1928 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон академийы. Уый фæстæ куыста алы рæтты: журнал «Фидиуæджы» редакторæй, Гуырдзыстоны К(б) П-йы ЦК-йы хъæууонхæдзарады хайады инспекторæй, Фæскавказы пролетарон фысджыты ассоциацийы президиумы сæрдары хæдивæгæй, Хуссар Ирыстоны рухсады адæмон комиссарæй.

1937-æм азы йæ æрцахстой, сæвæрдтой йыл адæмы знаджы ном æмæ йæ амардтой.

Сфæлдыстад

ивын

Литературон куыст кæнын райдыдта 1916-æм азы. Уыдис дæсны прозаик, фыста æмдзæвгæтæ дæр, уыимæ, адæмон сфæлдыстады бындурыл чи æнцадис, ахæмтæ.

Фыссæджы литературон бынты тæккæ æххæстдæр æмбырдгонд рацыди 1957-æм азы Цхинвалы.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Плиты Г. Г. Мæлæм! Уæд лæугæйæ! — Цхинвал, 2020.