Хъыбызтæ
Хъыбызтæ[1] кæнæ Хъибизтæ[1] (уырыс. Кибизовы) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд
ивынЦардысты Дыгуры. Сæ фыдæл цард хохы Дыгуры, Къаматы. Раздæр сæ æндæр номæй хуыдтой, фæлæ ферох, куыд сæ хуыдтой, уый. Сæ фыдæлæн уыд æртæ фырты: Хъыбыз, Секъина æмæ Къубал. Куы байуæрстой, уæд алчи йæхи номæй скодта мыггаг: Хъыбызтæ, Сечъинатæ æмæ Къубалтæ быдырмæ ралыгъдысты.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.