Цæгат Кавказы кинохроникæйы студи

Цæгат Кавказы кинохроникæйы студи (уырыс. Северо-Кавказская студия кинохроники) у Уæрæсейы паддзахадон киностудитæй иу.

Киностудийы равзæрды тыххæй

ивын

Киностуди байгом 1945-æм азы Дзæуджыхъæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы эвакуацигонд чи æрцыд, Ростовы кинохроникæйы студийы уыцы техникон базæйыл. Цæгат Кавказы кинохроникæйы студийы фыццаг кæй систой, уый уыди Бестауты Владимиры цыбырметражон киноныв «Цæгат Ирыстон» (прокатмæ рацыди 1946-æм азы).

Æдæппæтæй киностудийы сарæзтой 500 документалон, ахуырадон, зонадон-популярон, техникон-пропагандистон фильмæй фылдæр, стæй киножурнал «Цæгат Кавказ»-ы 2000 номырмæ æввахс.

1966-æм азы Цæгат Ирыстоны телеуынынады базæйыл кусын райдыдта кинорауагъды сæйраг редакци. Уымæй æрæвæрдæуыд хъазæн кинойы бындур. Фыццаг хъазæн кинонывтæй иу у «Къухæй фыст Хъуыраны сусæгдзинад» (уырыс. «Тайна рукописного Корана»). Ацы фильмы тыххæй ирыстойнаг кинематографисттæн лæвæрд æрцыд Дагъистаны паддзахадон преми.

Киностудийы кусджытæ

ивын

Студийы директор у Сабайты Валери, сæйраг редактор — Чъерджиаты Индирæ.

Æндæр æмæ æндæр рæстæджыты студийы чи куыста, уыцы режиссерты номхыгъд:

Æрвитæнтæ

ивын

2006-æм азы киностудийы куысты тыххæй(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (уырыс.)