Цæголты Георги
Цæголты Александры фырт Георги (райгуырдис 1897-æм азы 29 июны Чырыстонхъæуы — амардис 1919-æм азы 29 апрелы) — советон хицæуады сæрвæлтау Кавказы чи хæцыди, ахæм ирон революционер, «Кермены партийы» централон комитеты сæргълæууæг.
Цæголты Георги | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1897-æм азы 29 июны |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1919-æм азы 29 апрелы[1] (21 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад |
|
Куысты мыггаг | политик, революционер, керменист |
Парти |
Цардафыст
ивынГеоргийы фыд фыццаг сауджын уыди, фæлæ иу-афон дингæнæджы куыст йæ зæрдæ нал иста, ныууагъта йæ, систа йæ къух сауджыны номыл æмæ куыста ахуыргæнæгæй райдиан скъолайы, стæй йæ бинонтæ дарыны охыл кодта зæххы куыст дæр, йæ фыдæлтау.
Георги дæр, йæ фыдау, фыццаг ахуыр кодта дины скъолайы Мæздæджы, стæй бацыд Стъараполы дины семинармæ, фæлæ йæ каст нæ фæци. Рацыд Дзæуджыхъæумæ, уæдмæ йæ мад уырдæм ралыгъд Чырыстонхъæуæй. Ам йæхицæн цæрыны фæрæзтæ агуырдта сау куыстæй.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цаголов Георгий Александрович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Ossetians.com: Цæголты Георги