Стъарапол (уырыс. Ставрополь, бердзенагау нысан кæны дзуары сахар) у Уæрæсейы сахар, Стъараполы крайы сæйраг сахар.

Сахар
Стъарапол
уырыс. Ставрополь
Тырыса Герб
Тырыса Герб
45°03′ с. ш. 41°59′ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Стъараполы край
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1777
Раздæры нæмттæ 1935 азы агъоммæ — Ставрополь-Кавказский
1943 азы агъоммæ — Ворошиловск
Сахар кæдæй 1785
Фæзуат 171,7[1] км²
Центры бæрзæнд 230 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 550 147[2] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 8652
Посты индекстæ 355000-355099
ставрополь.рф(уырыс.)
Стъарапол (Уæрæсе)
Стъарапол (Стъараполы край)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Стъарапол у, æппæт Уæрæсейы цæрынæн хуыздæр чи бæззы, ахæм сахар[3].

Сахары бындур сæвæрдтой 1777-æм азы. Сахары статус Стъарапол райста 1785-æм азы. 1935 азы онг йæ ном уыдис Ста́врополь-Кавка́зский, 1935 азæй 1943 азы онг — Вороши́ловск.

Географи

ивын

Стъарапол æрбынат кодта Стъараполы уæлвæзыл, Кавказы хæхты раз, цæугæдон Ташла кæм ратæдзы, уыцы ран. У Мæскуыйæ 1450 км хуссарырдæм. Денджызы æмвæзадæй у 230 м уæлдæр.

Сахары иу уынг хуыйны 45-æм параллель — йæ дырыс географион координатæтæм гæсгæ. Уымæ гæсгæ Стъарапол у полюсæй æмæ экваторæй æмиас дард[4]. Стъарапол лæууы ахсджиаг бынаты Азовы æмæ Хъаспы денджызы æхсæн, уымæ гæсгæ сахар фæхонынц «Кавказы къулдуар»[5].

 
Стъараполы сахарон зылды сконд:
     Стъараполы зæххытæ сахары арæнты мидæг      хут. Грушёвый      аэропорт Шпаковское      цъæх территоритæ      дæттæ

Сахар ахсы 171,7 км²[1]. Стырдæр сахары зылд (æд аэропорт æмæ цъæх территоритæ) у 276,7 км². Амæддзæгтæ цы ран лæууынц, ахæм фæзуат у 127,870 км² (сахары зылды фæзуаты 46,2 %). Сахары зылды зæххытæм хауы Сенгилейы донæвæрæн дæр (42 км²), уымæй сахар фæисы дон.

Стъарапол адаргъ ис хуссар-ныгуылæнæй цæгат-скæсæнмæ. Сахарæй 5 км æдде лæууы йæ чысылдæр «æмбæлццон сахар» — Михайловск.

Абоны Стъараполы мидæг ис 530 уынджы, кæцыты иумæйаг дæргъ у 700 километрæй фылдæр. Ис дзы 28 мин амаддзаджы, уыдонæй 23,8 мины цæрынц адæймæгтæ. Сахары ис 149 ахуыргæнæндоны, уыдонæй 20 уæлдæр ахуырад дæттынц. Уымæй йеддæмæ сахары ис фондз музейы, дыууæ театры æмæ 219 фенддаджы (архитектурон, историон æмæ культурон бынтæ).

Сахары цур ис егъау хъæд, 4494 гектары.

Стъараполы бирæ фенддæгты ’хсæн ис фыццагæм гимназы бæстыхай (кæцыйы ахуыр кодта Хетæгкаты Къоста æмæ йæ рæстæджы æндæр зындгонд адæм), Кавказы фыццаг сылгоймæгты гимназ[6], сахары фыццаг дуртæй амад хæдзар[7] æмæ æндæртæ.

Бынæттон хиуынаффæйад

ивын
Сахары думæйы сæрдар
  • Колягин Георгий Семёны фырт[8]
Сахары сæргълæууæг
  • Джатдоев Андрей Хасаны фырт[9]

Цæрджытæ

ивын

2010-æм азы сфыстмæ гæсгæ сахары цæрынц[10]:

Адæмыхатт Нымæц, мины Хай
уырыс 345 601 86,72 %
сомих 17 821 4,47 %
украинæгтæ 4089 1,03 %
хъæрæсейæгтæ 2415 0,61 %
грекъæгтæ 2397 0,60 %
даргинæгтæ 1739 0,44 %
азербайджайнæгтæ 1570 0,39 %
тæтæр 1274 0,32 %
лекъ 1148 0,29 %
æндæртæ 14 967 3,75 %
нæ бацамыдтой 5518 1,38 %

Истори

ивын

Стыр Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг немыц байстой Стъарапол 1942 азы 3 августы. 1943 азы 21 январы сахар ссæрибар æрцыдис[11].

Уыцы иу аз Орджоникидзейы крайæн радтой Стъараполы крайы ном, сахар Ворошиловскæн та — йæ раздæры ном, Стъарапол[12].

Ирон Стъарапол

ивын

Стъараполы гимназы ахуыр кодтой Доййаты Саханджери, Хъаныхъуаты Инал, Цæлыккаты Ахмæт æмæ Хетæгкаты Къоста (1871-æм азæй дæс азы дæргъы). Къоста ма Стъарапол цардис йæ фыццаг арвысты рæстæг, 1893 азæй 1897 азы онг, куыста дзы газеты уацхæссæгæй. Стъараполы сæйраг уынгтæй иу хæссы ирон поэты ном — улица Коста Хетагурова (центрон паркмæ ’ввæхс).

Транспорт

ивын

Стъараполы кусынц троллейбусы 9 маршруты, ис автобустæ æмæ маршруткæтæ.

Иннæ сахартимæ Стъарапол баст у автомагистралтæй, ис дзы æфсæнвæндаджы вокзал æмæ аэропорт (рейстæ Мæскуы æмæ Стамбулмæ).

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Проект внесения изменений в корректировку генерального плана города Ставрополя на 2010-2030 годы в соответствии с постановлением администрации города Ставрополя от 17.04.2014 № 1305
  2. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  3. Распоряжение Правительства Российской Федерации от 1 декабря 2014 г. № 2420-р «Об итогах Всероссийского конкурса на звание «Самое благоустроенное городское (сельское) поселение России» за 2013 год». Датæ: 2015-æм азы 30 мартъийы. Архив 2017-æм азы 26 июлы.
  4. Паспорт города (на 01.01.2013)(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 31 мартъийы. Архив 2015-æм азы 2 апрелы.
  5. Савельева, В. В. . — 192 с. — ISBN 5-93078-105-2.
  6. Первая на Кавказе женская гимназия(недоступная ссылка). Датæ: 2012-æм азы 14 августы. Архив 2014-æм азы 1 январы.
  7. Первый каменный дом в г. Ставрополе(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  8. Колягин Георгий Семёнович(недоступная ссылка). Официальный сайт Ставропольской городской Думы. Датæ: 2016-æм азы 9 апрелы. Архив 2016-æм азы 24 апрелы.
  9. Джатдоев Андрей Хасанович. Официальный сайт администрации города Ставрополя. Датæ: 2016-æм азы 9 апрелы. Архив 2016-æм азы 13 апрелы.
  10. Итоги::Ставропольстат(недоступная ссылка). Датæ: 2013-æм азы 24 апрелы. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
  11. Календарь государственных праздников Российской федерации, памятных дат и знаменательных событий Ставропольского края на 2011 год(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 17 январы. Архив 2015-æм азы 16 январы.
  12. Указ Президиума ВС СССР от 12.01.1943 о переименовании города Ворошиловска ... и Орджоникидзевского края в Ставропольский край с обоснованием «различие в наименовании краевого центра и края вызывает затруднения для учреждений и граждан»