Цуцитæ (уырыс. Цуциевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрдысты Хетæджы байзæддаг Цуцийæ. Уый зæххы фæдыл Нарæй æрлыгъди Поты фæзмæ. Поты фæзы Цуцитæй иутæ слыгъдысты Сласмæ, иннæтæ та — Засыгъмæ. Фæскъæдзæхы цы Цуцитæ царди, уыдон дæр уыдысты Засыхæй балидзгæ. Цуцитæй уый фæстæ чидæр афтыди Хуссар Иры Ортъеуы хъæумæ, стæй Астæуккаг Ерманмæ æмæ сæхи хонын райдыдтой Цоцитæй. Афтæмæй Цуцитæ æмæ Цоцитæ сты Хетæджы байзæддаг, æрвадæлтæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.