Цъинагар
Цъинагар, ног ном: Æмдзæрин[1] у хъæу Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы.
Хъæу | |
Цъинагар | |
---|---|
42°04′30″ с. ш. 44°17′13″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Хуссар Ирыстон |
Район | Ленингоры район |
Истори æмæ географи | |
Фыццаг кой | XIX æнус |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 345[1] адæймаджы |
Цифрон идентификатортæ | |
|
Истори
ивын1991 азы 28 апрелы гуырдзиаг гæрзифтонгтæ Гуры районы Бершуеты хъæуы æрдыгæй æрбацыдысты Цъинагары хъæумæ. Фос атæрын сæ фæндыдис, æмæ фехстой фыййауы. Æхстыты хъæрмæ æрбацыдысты хъæуы фæсивæд уæзласæн машинæйыл. Гуырдзиаг абырджытæ сæ куы ауыдтой, уæд сыл нæмыг нызгъæлстой машинæйы гуыффæмæ. Фæдисонтæй цалдæр цæф фесты, авдæй та фæмардысты: Бибылты Гиви, Хуыбылты Отар, Мæргъиты Отар, Хуыбылты Зауыр, Чертхъоты Славик, Дудайты Тенгиз æмæ Хуыбылты Таймураз. Уæдæй фæстæмæ æрвылаз 28 апрелы хъæуы цæуы гуырдзиаг агрессийы амæттæгты мысæн мадзал[2].
Литературæ
ивын- Цховребова З. Д. Ойконимия Осетии. Юго-Осетинский научно-исследовательский институт им. З. Н. Ванеева. Цхинвал, 2003. 63 С.
Æддаг æрмæг
ивын- Хурзæрин // Цъинагар(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- Цъинагары конд къамтæ, 2014-æм азы август. ИА «Рес»
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
- ↑ Мысæн мадзал — Цъинагары хъæуы(недоступная ссылка). Датæ: 2016-æм азы 15 октябры. Архив 2017-æм азы 8 июлы.