Цыхуырбатæ[1] кæнæ Цхуырбатæ[1] (уырыс. Цховребовы, Цхурбаевы, гуырдз. ცხოვრებაშვილი) сты ирон мыггаг.

Цыхуырбатæн сæ фыдæл Цыхуырба ралыгъд Тибæй. Хслебмæ æрлыгъд æмæ уым æрцард. Ам бинонтæ æркодта æмæ сын зæнæг рацыд. Цыхуырбайæн йæ лæппутæ уыдысты Тугъан æмæ Таймаз. Тугъан ын уыд иу усæй, Таймаз та иннæ усæй. Тугъаны фырттæй иу æрлыгъд Сачъремæ, иннæтæ баззадысты Хуымысæрты. Таймазтæ та цардысты Хуымысæрты, Джæдджитыхъæуы, Шихантурийы, Сулайтыхъæуы, кæнæ Угæрдæнты æмæ Танделаты хъæуы. Цыхуырба фæстаг ус куы æрхаста, уæд уый йемæ æркодта гыццыл лæппуйы æмæ йæ ныффыста Цыхуырбатæй, фæлæ сæ хонгæ та кæнынц Тъатъатæй.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 1,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.