Чавес, Уго

Венесуэлæйы президент (1999–2002, 2002–2013)

У́го Рафаэ́ль Ча́вес Фри́ас (исп. Hugo Rafael Chávez Frías, райгуырдис 1954-æм азы 28 июлы Сабанетæйы — амардис 2013-æм азы 5 мартъийы Каракасы) уыдис Венесуэлæйы президент.

Уго Рафаэль Чавес Фриас
исп. Hugo Rafael Chávez Frías
Тырыса
Венесуэлæйы 47-æм президент
Тырыса
2002-æм азы 14 апрелы — 2013-æм азы 5 мартъийы
Вице-президент Хосе Висенте Ранхель (2002—2007)
Хорхе Родригес Гомес (2007—2008)
Рамон Каррисалес (2008—2010)
Элиас Хауа Милано (2010—2012)
Николас Мадуро (2012—2013)
Раздæр чи уыд Диосдадо Кабельо (х. æ.)
Фæстæдæр Николас Мадуро
1999-æм азы 2 февралы — 2002-æм азы 12 апрелы
Вице-президент Хулиан Исаиас Родригес Диас (2000-æм азы январь—декабрь)
Адина Бастидас (2000—2002)
Диосдадо Кабельо (2002-æм азы январь—апрель)
Раздæр чи уыд Рафаэль Кальдера
Фæстæдæр Педро Кармона (х. æ.)
Райгуырдис 1954-æм азы 28 июлы(1954-07-28)[1][2][…]
Амардис 2013-æм азы 5 мартъийы(2013-03-05)[3][1][…] (58 азы)
Каракас
Гуырæн ном исп. Hugo Rafael Chávez Frías
Фыд Уго де лос Рейес Чавес
Мад Елена Фриас
Æмкъай Нанси Кольменарес
Марисабель Родригес де Чавес
Сывæллæттæ María Gabriela Chávez[d]
Парти
Ахуырад
Дин католицизм
Къухæрфыст Изображение автографа
Сайт chavez.org.ve(исп.)
todochavez.gob.ve(исп.)
Æфсæддон куысты азтæ 1971—1992
Хуындад дæлбулкъон[d] æмæ сæйрагкъамандыгæнæг[d]
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Уго Чавес райгуырдис Венесуэлæйы сахар Сабанетæйы, скъолайы ахуыргæнджыты бинонты ’хсæн. Æрыгон куы уыдис, йæ мады бæллиц уыдис, сауджын цæмæй суа, йæхи та фæндыдис бейсболист суын. 1975-æм азы каст фæцис Æфсæддон академи, уый фæстæ службæ кодта Венесуэлæйы десанты.

1992-æм азы 4 февралы Уго Чавес ссис растады фæтæг, фæлæ растад нæ фæрæстмæ, Чавес бахаудис ахæстонмæ. 1994-æм азы ахæстонæй рацыдис уæды президент Рафаэль Кальдерайы хатырæй. Чавес уайтагъд сарæзта политикон «Змæлд V республикæ». 1998-æм азы фыццаг хатт ссис Венесуэлæйы президент.

2009-æм азы 10 сентябры, Мæскуымæ официалон балцы рæстæг, Уго Чавес фехъусын кодта, йæ бæстæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад «уыциу бон» кæй банымайдзæн, уый тыххæй[4][5].

Фиппаинæгтæ

ивын