Чавчавадзе кæнæ Чъавчъавадзе (гуырдз. ჭავჭავაძე) — Къахеты кънйæзты мыггаг. Зындгонд сты XV æнусæй. Кънйæзты титул та æрфидар чындис Картли-Къахеты паддзах Константинæй лæвæрд грамотæйы 1726-æм азы, æмæ бавдыстæуыд, Иракли II 1783-æм азы Уæрæсеимæ цы трактат бафыста, ууыл æфтыд номхыгъды. XVI æнусы мыггаг адихтæ ис дыууæ къабазыл: хистæр — Хъуарелы æмæ Цъинандалийы.

Мыггаджы минæвæрттæ

ивын
  • Чавчавадзе, Гарсеван Реуазы фырт (1757—1811) — кънйаз, паддзах Иракли II-æмы инæлар-адъютант, йæ номæй Гуымы трактатыл йæ къух чи æрфыста, уый. Йæ фырт:
    • Чавчавадзе, Александр Гарсеваны фырт (1784—1846) — кънйаз, Уæрæсейы инæлар æмæ гуырдзиаг поэт. Йæ цот:
      • Чавчавадзе, Нинæ Александры чызг — уырыссаг поэт æмæ дипломат Александр Грибоедовы бинойнаг.
      • Чавчавадзе, Екатеринæ Александры чызг (1816 — 1882) — Мегрелийы хицауиуæггæнæг (йе ’нæхъомыл фырт Никъалайы цур, 1853—1866), Мегрелийы суверен Давид I Дадианийы бинойнаг.
      • Чавчавадзе, Давид Александры фырт (1817—1884) — кънйаз, Уæрæсейы инæлар, Кавказы хæсты архайæг.
  • Чавчавадзе, Арчил Гульбаты фырт (1841—1902) — кънйаз, Уæрæсейы инæлар, 1877—1878 азты уырысы-турчы хæсты хъайтар.
  • Чавчавадзе, Захари Гульбаты фырт (1825—1905) — кънйаз, Уæрæсейы инæлар, 1877—1878 азты уырысы-турчы æмæ Хъырымы хæстыты хъайтар. Йæ фырт:
    • Чавчавадзе, Александр Захарийы фырт (1870—1930) — кънйаз, Туземаг дивизийы Черкесы полчъы командир.
  • Чавчавадзе, Иван Сульханы фырт (1826—1913) — кънйаз, Уæрæсейы инæлар, 1877—1878 азты уырысы-турчы æмæ Хъырымы хæстыты хъайтар.
  • Чавчавадзе, Илья Григорийы фырт (1837—1907) — кънйаз, гуырдзиаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг.
  • Чавчавадзе, Николай Зурабы фырт (1830—1897) — кънйаз, Уæрæсейы инæлар, Кавказы хæсты архайæг.
  • Чавчавадзе, Еленæ Никъалайы чызг — уырыссаг журналист, режиссёр, сценарист.
  • Чавчавадзе, Тамарæ Ираклийы чызг (1896—1968) — гуырдзиаг актрисæ, Гуырдзыстоны адæмон артисткæ (1943).
  • Чавчавадзе, Ясон Иваны фырт (1803—1857) — кънйаз, Уæрæсейы инæлар, Хъырымы æмæ Кавказы хæстыты архайæг.