Чавчавадзе, Александр
Чавчавадзе (Чъавчъавадзе) Гарсеваны фырт Александр уыд зындгонд гуырдзиаг поэт-романтик, политикон æмæ æфсæддон архайæг.
Александр Чавчавадзе | |
---|---|
гуырдз. ალექსანდრე ჭავჭავაძე | |
Гуырæн ном | гуырдз. ალექსანდრე ჭავჭავაძე |
Райгуырды датæ | 1786[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 5 (17) ноябры 1846[3] |
Мæлæты бынат | |
Æфсæдты хуыз | кавалери |
Æфсæддон куысты азтæ | 1809—1846 |
Хуындад | инæлар-лейтенант |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Хæдзарвæндаг
ивынПоэт райгуырдис Бетъырбухы 1786-æм азы.
Йæ фыд кънйаз Гарсеван Чавчавадзе — йæ заманы зæнгæ политикон архайæг, 18 азы дæргъы уыди гуырдзиаг паддзæхтæ Иракъли II æмæ Георги XII-ы минæвар Уæрæсейы. Фæзиан и 1811-æм азы æмæ ныгæд æрцыд Бетъырбухы Александр Невскийы моладзандоны.
Александры мад Мария (Майа) Авалишвили нымад уыди æвæджиауы рæсугъд æмæ иттæг ахуыргонд сылгоймагыл. Фæцарди Мария 1836-æм азмæ, ныгæд æрцыд Къахеты, моладзандон Шуамтайы.
Цардвæндаг
ивынАлександр уыди Гарсеван æмæ Марияйы иунæг сывæллон. Ахуыр кодта суинаг поэт Бетъырбухы тæккæ хуыздæр приватон пансионтæй иуы (1795–1799-æм азты). Мадæлон æвзаг æмæ литературæ сахуыр кодта йæ мады фæрцы. Фæстæдæр йæ ахуыргæнæг сси йæ мадыфсымæр Георгий Авалишвили — зындгонд географ, драматург æмæ тæлмацгæнæг. 1799-æм азы бинонтæ æрыздæхтысты райгуырæн бæстæмæ æмæ Александр йæ ахуыр адарддæр кодта ныййарджытæ æмæ фæсарæйнаг гувернерты цæстдардæй.
1804-æм азы Александр æстдæсаздзыдæй алыгъди йæ хæдзарæй æмæ баиу ис, гуырдзиаг падзахиуæг ногæй сфидар кæнынæн Хады комы (Мтиулетийы) растад чи саразта, уыцы гуырдзиаг паддзахыфырт Парнаозы къордимæ. Растады архайджытæ, уыдонимæ Александр Чавчавадзейы, бакодтой ахæстоны. Лæппуйы æрластой Тбилисмæ æмæ йын рахастой Тамбовмæ ахæссыны тæрхон. Тамбовы бирæ нæ фæци: йæ фыды курдиатмæ гæсгæ император Александр I суагъд кодта лæппуйы. Суинаг поэтмæ фæсидтысты Бетъырбухмæ æмæ уым ист æрцыд Пажты корпусмæ. 1809-æм азы Александр райста дæлпоручикы цин æмæ сси лейб-гвардийы гусарты полчъы афицер.
1811-æм азы Чавчавадзе, поручикы цинимæ æрыздæхти Гуырдзыстонмæ æмæ архайдта Кавказы цы хæстæмбæлдтытæ уыди, уыдоны.
1813–1814-æм азты архайдта Наполеоны ныхмæ хæсты æмæ Парижы байсты. Уæды рæстæг Александр уыди сæйраг командыгæнæг М. Б. Барклай де Толлийы адъютант. Лейпциггæрон хæстæмбæлды хæцыны тыххæй Чавчавадзейы схорзæхджын кодтой, «За храбрость», зæгъгæ, фыст кæуыл уыди, ахæм сыгъзæрин хотыхæй. Уымæй уæдай ма йын лæвæрд æрцыд францаг «Намысы легионы» орден. Исдуг Чавчавадзеимæ иу полчъы фæслужбæ кодтой П. Я. Чаадаев, Н. Н. Раевский и П. П. Каверин.
1817-æм азы Чавчавадзе булкъоны цинимæ раздæхти Гуырдзыстонмæ. 1821–1822-æм азты та уыди номдзыд нижегородаг драгунты полчъы командир. Александр Чавчавадзе æхсарæй архайдта уырыссаг-персаг æмæ уырыссаг-туркаг хæстыты. Фесгуыхти фидæрттæ Диадин, Топрах-кале æмæ Баязеты байстыты.
Фæслужбæ кодта Чавчавадзе суанг инæлар-лейтенанты цин райсыны онг.
1832-æм азы сусæгвæнды тыххæй слест куы фæци, уымæй чысыл фæстæдæр А. Чавчавадзе хаст æрцыд Тамбовмæ, фæлæ уым бирæ нæ фæци æмæ йæм фæсидтысты Бетъырбухмæ. Цалдæр азы фæстæ Александр ссыди фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæмæ.
Александр Чавчавадзе йæ цардæй ахицæн 1848-æм азы 6 ноябры, æнæнхъæлæджы чи ’рцыд, ахæм æнамонд цауы тыххæй: тарст бæхты æрсабыр кæнынмæ бæхтæрæгæн æххуыс куы кодта, уæд йæ коляскæйæ рахауди æмæ дурастæрдыл йæ сæр ныццæвгæйæ дзыхъмард фæци. Баныгæдтой йæ Къахеты, рагон моладзандон Шуамтайы, сæ мыггагон зæппадзы.
Сфæлдыстад
ивынАлександр Чавчавадзе у фыццаг гуырдзиаг романтиктæй иу. Йæ иуæй-иу æмдзæвгæтæй сарæзтæуыд, популярон чи ссис, ахæм зарджытæ. Чавчавадзе ма уыди дæсны тæлмацгæнæг. Гуырдзиаг æвзагмæ ратæлмац кодта Расины, Вольтеры, Саадийы, Пушкины æмæ æндæрты уацмыстæ
Æнæуый информаци
ивынЧавчавадзе уыди йæ заманы Гуырдзыстоны тæккæ ахуыргонддæр адæймæгтæй иу. Гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзагæй уæлдай уый зыдта францаг, немыцаг, туркаг æмæ персайнаг æвзæгтæ. Йæ калакаг хæдзар уыди, уырыссаг æмæ гуырдзиаг аивады зынгæ архайджытæ кæм зонгæ кодтой æмæ æмбæлыдысты кæрæдзиимæ, ахæм культурон артдзæст.
- ↑ Alekʻsandre Čavčavaże // Faceted Application of Subject Terminology
- ↑ Aleksandr Garsevanovič Čavčavadze // NUKAT — 2002.
- ↑ Чавчавадзе, Александр Гарсеванович (уырыс.) // Русский биографический словарь / под ред. А. А. Половцов — СПб: 1905. — Т. 22. — С. 5—9.
- ↑ 4,0 4,1 Чавчавадзе Александр Гарсеванович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.