Чакобса уыдис Цæгат-Ныгуылæн Кавказы парахатгонд сусæг æвзаг, пайда уымæй кодтой кæсгон (черкесаг) адæм. Уыдис ирон цуанон æвзаг æмæ абырджыты æвзæгтæн сæ кæсгон эквивалент.

XVIII æнусы бæлццон Якоб Рейнеггс фыста Ныгуылæн Кавказы парахатгонд æвзаг Сиковширы тыххæй (англ. Sikowschir), æмæ дзы 18 ныхасы уымæй рафысста: Paphle 'цæст', Brugg 'сæр', Baetāŏ 'хъус', Wũp 'топп', Kaepe 'бæх', Ptschakoaentsche 'теуа', Ptschakokaff 'хъуг', Tkemeschae 'сагъ', Fogabbe 'фыс', Naeghune 'арт', Scheghs 'дон', Uppe 'сылгоймаг', Aelewsae 'саби', Paschae 'æхца', Naekuschae 'дзул', Schuwghae 'пæлæз', Schufae 'къумбил' and Tewrettgllo 'давын'.[1]

Зындгонд америкæйæг лингвист, Кавказы æвзагтыл специалист Джон Коларуссо куыд фыссы, афтæмæй уыцы æвзагæн йе ’ндæр ном уыдис Шиквошир (англ. shikwoshir), уымæй пайда кодтой кæсгон уæллаг къласы адæм — æлдæрттæ æмæ уæздæттæ — æмæ йæ мидис уыд фонемæты ивддзинады æмæ ныхæсты рад хæццæ кæныны.[2]

Уыцы æвзагыл фысста зындгонд немыцаг бæлццон, ориенталист Юлиус Генрих Клапрот дæр. Уый йæ 1807-1808 Кавказы балцы уæвгæйæ куыд фыста, афтæ-иу кæсгон адæм сæ балцтæм цæугæйæ пайда кодтой цалдæр сусæг æвзагтæй, сæ иу хуындис шакобше, иннæ та фаршибзе. Сæ фыццаг, Клапротмæ гæсгæ, кæсгон æвзагмæ ницы бар дары, фæлæ йæхæдæг уымæй ницы ныхæстæ зоны. Сæ дыккаг та аразт у "ри", "фе" æмæ æндæр фонемæтæ кæсгон æвзагмæ тъыссынæй: афтæ кæсгон schah "сæр" æмæ tdl'e "къах" сысты дзы "irisch'chari" æмæ "arukqari".[3]

Йæ чиныг «Кавказы дыууæдæс сусæджы» фыссæг Лео Нуссимбаум фыссы сусæг æвзаг чакобсайыл, галуанты æмæ абырджыты фидæрты кæйыл дзырдтой, ахæмыл, æмæ дæтты цалдæр ныхасы уыцы æвзагæй, уыдонæй йеддæмæ зонынадæн иу дæр зонгæ кæй нæу, уый зæгъгæйæ: shapaka 'бæх', amafa 'туг', ami 'дон', asaz 'топп', and ashopshka 'тæппуд'.[4]

Æрымысæггаг чакобса

ивын

Америкæйæг фыссæг-фантаст Фрэнк Герберт йæ чиныг «Дюнæ» фысгæйæ, æндæр митæй йеддæмæ, удцырын кодта Кавказы культурæйæ дæр: афтæ йæ чиныджы ис рагон сусæг æвзаг чакобса, æрмæст уæздæттæ, сусæг ордентæ æмæ Арракисы цæрджытæ кæй зонынц, ахæм.[5]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Schröder, Friedrich Enoch, ed. (1796). Dr. Jacob Reineggs (...) Allgemeine historisch-topographische Beschreibung des Kaukasus. Gerstenberg und Dittmar. p. 248.
  2. Colarusso, John (1988). "1, note 3". The Northwest Caucasian Languages: A Phonological Survey (Jan 21, 2014 ed.). Routledge. p. 11.
  3. Klaproth, Heinrich Julius (1812). Reise in den Kaukasus und nach Georgien unternommen in den Jahren 1807 und 1808 (...). I. Halle and Berlin: Buchhandlungen des Hallischen Waisenhauses. pp. 588–589.
  4. Essad Bey (1931). Twelve Secrets of the Caucasus. Nash & Grayson. p. 16.
  5. Collins, Will (September 16, 2017). "The Secret History of Dune". Los Angeles Review of Books.