Челæхсаты Хъазыбеджы фырт Рустем (райгуырд 1969 азы 10 февралы Хъалмыхъхъы) у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр[1].

Челæхсаты Рустем
Райгуырды датæ 1969-æм азы 10 февралы(1969-02-10) (55 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Архайды хуыз хъæбысæйхæцæг, политик

1997-æм азы Рустем каст фæци ЦИПУ-йы юридикон факультет (йæ дæсниад уыд «барзонад»), 2004-æм азы та — Паддзахадон службæйы Уæрæсейы академи («паддзахадон разамынды менеджер»)[2]. 1990-æм азты Рустем уыд уæгъдибар хъæбысхæсты дæсны, сси æхсæнадæмон къласы спорты мастер, дыууæ хатты уыд Европæйы чемпион (1993, 1994).

Йæ политикон карьерæ райдыдта Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты комитеты 1997 азы декабры, стæй куыста культурæйы, фæсивæды, спорт æмæ туризмы фæдыл парламентон комитеты сæрдарæй (1999—2004).

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Номдзыд тренерты кадæн // «Рæстдзинад», №238, 2008 азы 20 декабрь.
  2. Йæ министрады сайтмæ гæсгæ(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 11 январы. Архив 2009-æм азы 31 январы.