Черчесты Георги
Черчесты Георгий (1934–1996) — ирыстойнаг фыссæг æмæ партион архайæг. Йæ уацмыстæ фыста уырыссаг æвзагыл.
Черчесты Георги | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1934-æм азы 27 октябры[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1996-æм азы 11 декабры[1] (62 азы) |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | фыссæг, драматург, министр |
Хорзæхтæ |
Райгуырдис сахар Дзæуджыхъæуы 1934-æм азы 27 октябры. Каст фæци Мæскуыйы паддзахадон университеты журналистикæйы факультет (1959). СЦКП-йы уæнг 1962-æм азæй. Цæгат Ирыстоны АССР-йы культурæйы министр (1976—84 азты), 1980-90 азты республикон Уæлдæр советы депутат.
Ныффыста къорд романы, уыдоны ’хсæн: «Заповедь», «Испытание», «Прикосновение», «Противоборство». «Под псевдонимом „Ксанти“», «Месть», «Приговор» æмæ æндæртæ. Прозаикон уацмысты уæлдай ма у цалдæр пьесæйы автор: «Великий убийца», «Полковник Ксанти», «Похищенная», «Поберегись, Дзибуш!» æмæ æндæрты.
Черчесы-фырт ма зындгонд у йæ киносценариты фæрцы («Жизнь, ставшая легендой», «И оглянулся путник»).
Фæзиан ис 1996-æм азы 11 декабры.
Фыссæджы фырт Алан дæр фыссæг у.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Черчесов Георгий Ефимович // https://www.biografija.ru/biography/cherchesov-georgij-efimovich.htm