Хъырым
Хъырым, дыгур. Хъæрæм (уырыс. Крым, укр. Крим, хъырым. Qırım, Къырым) у æрдæгсакъадах, йæ иу фарсæй Сау денджыз у, йæ иннæ фарсæй та — Азовы денджыз. 1441 азæй 1783 азы онг уыдис хæдбар паддзахад (Хъырымы ханад).
Хъырым | |
---|---|
уырыс. Крым, укр. Крим, хъырым. Qırım, Къырым | |
Характеристикæ | |
Фæзуат | 27 000 км² |
Бæрзонддæр цъупп | 1545 м |
Ран | |
45°24′ с. ш. 34°00′ в. д.HGЯO | |
Акватори | Азовы денджыз, Сау денджыз |
Бæстæ | |
Викикъæбицы медиа |
Советон Цæдисы сконды Хъырымы облæст уыдис Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы хай, фæлæ йæ радих кодтой Украинæйы ССР-мæ 1954-æм азы.
Æрдæгсакъадахы фылдæр хай сси дзырддаг Уæрæсе æмæ Украинæйы ’хсæн, Хъырым æмæ Уæрæсе куы баиу сты 20014-æм азы мартъийы, уыцы рæстæгæй. Уæрæсейы конституцимæ гæсгæ Хъырымы фылдæр хай у Хъырымы Республикæ, Севастополь та у федеративон нысаниуæджы сахар, фередацийы хицæн уæнг. Украинæйы закъæттæм гæсгæ Хъырымы фæзуат хауы Хъырымы Автономон Республикæмæ æмæ сæрмагонд статусы сахар Севастопольмæ. 2014-æм азы мартъийæ æрдæгсакъадахыл фактон хицауиуæг кæны Уæрæсейы Федераци.
Хъырымы цæрынц 2,4 милуан адæймагæй фылдæр, сæ нымæц рæзы. Æрдæгсакъадахы стырдæр сахар у Севастополь (522 мин адæймаджы), дыккаг у Симферополь, æртыккаг у Керчь.