Чехойты Георгийы фырт Анатоли (райгуырдис 1950-æм азы 20 апрелы Цхинвалы) — у партийы Хуссар Ирыстоны обкомы раздæры фыццаг нымæрдар, Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы дыккаг (1995-1999) æмæ æртыккаг (1999-2003) æвзæрстыты депутат, Думæйы Æмхæларадон паддзахæдты не ’мбæстæгтимæ бастдзинæдтæ аразыны комитеты сæрдары хæдивæг.

Чехойты Анатоли
Райгуырды датæ 1950-æм азы 20 апрелы(1950-04-20) (73 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад
Куысты мыггаг политик, Паддзахадон Думæйы депутат
Парти
Хорзæхтæ
медаль «В память 850-летия Москвы» орден Почёта орден Почёта орден Дружбы

Цардафыст ивын

Йæ ныййарджытæ уыдысты службæгæнджытæ, Толик бацыд горæты æртыккæгæм скъоламæ. Йе ’мкъласон, журналист Харебаты Батрадз куыд фыссы, афтæмæй Анатоли уыд тынг уæздан æмæ зæрдæргъæвд. Ахуыргæнджытæ-иу ын йæ бæрны цы хæслæвæрд бакодтой, уый-иу алы хатт дæр сæххæст кодта иттæг хорз.

Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ скъола каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институтмæ æмæ райста инженер-механичы дæсныйад. Æфсады службæ кодта Прибалтикæйы æфсæддон зылды ракетон æфсæдты. Йæ службæ цыдис тынг хорз, снысан æй кодтой взводы командирæй. Йе службæ куы фæцæйфæуд кодта, уæд æм æфсæддон зылды штабы бæрнон кусджытæ фæдзырдтой æмæ йын загътой, цæмæй баззайа æфсæддон службæйы. Анатоли сæ ныхасыл дыккаг нал загъта, фæлæ амард йæ фыд, æмæ æххуыс кæнын хъуыдис йæ мад æмæ йе ’фсымæртæн.

Кусын райдыдта завод "Вибромашина"-йы цехы хицауæй. Йæ зæрдæргъæвддзинад ын бафиппайдтой Хуссар Ирыстоны разамонджытæ æмæ йæ снысан кодтой фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обкомы фæсивæдон туризм "Спутник"-ы бюройы сæрдарæй, равзæрстой йæ Цхинвалы партийы горкомы фыццаг нымæрдарæй. Уыд Хуссар Ирыстоны Адæмон контролы комитеты сæрдар, партийы Знауыры райкомы фыццаг нымæрдар, 1988 азы та ссис партийы Хуссар Ирыстоны фыццаг нымæрдар.

Бинонтæ ивын

Анатоли æмæ йæ цардæмбал Азæ схъомыл кодтой лæппу æмæ дыууæ чызджы. Алчидæр сæ райста уæлдæр ахуырад, ссардта йæ цардвæндаг, æмæ сты амондджын.

Литературæ ивын