Чихтистæ (уырыс. Чихтисовы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Чихтис æмæ, дам, Бетан уыдысты æфсымæртæ. Сæ фыд уыд Лезгоры хъæуккаг Сатайы фырт Мæлцæг. Чихтис æмæ Бетанæн Лезгоры фæзынд цæуæт æмæ сæм халерæ куы фæзынд, уæд Чихтис фæтарст æмæ æд бинонтæ Лезгорæй фæлыгъд Стыр Дыгурмæ, уым бындуронæй æрцард.

Æндæр таурæгъмæ гæсгæ та, мыггаджы фыдæл Чихтис æрбалыгъд Дыгуры коммæ Асыйæ æмæ æрцард Стыр Дыгуры, фæзындис дзы Чихтисты мыггаг. Чихтистæй сæ фыццаг цæуæты нæмттæ ферох сты, фæлæ 1886 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Стыр Дыгуры Чихтистæй царди æртæ бинонтæ: Мизихъ, Ука æмæ Урусханы бинонтæ. Чихтистæ ма цардысты Къуссуйы дæр.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.