Чысайнаг ныхасыздæхт

Чысайнаг ныхасыздæхт (уырыс. чсанский / ксанский говор) у ирон диалекты ныхасыздæхт.

Ирон диалекты Хуссар Ирыстоны ныхасæздæхтытæ:     Чысайнаг ныхасыздæхт     Къуыдайраг ныхасыздæхт     Урстуаллаг (Ручъы) ныхасыздæхт

Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы æмæ Цхинвалы районæн йæ иу хайы, цæры ирон адæмы субэтнос — чысан. Уыдон дзурынц сæхи ныхасыздæхтыл æмæ ахсынц цыппар комы: Чысангом, Лехурагом, Медзыдагом æмæ Чысыл Леуахигом. Скæсæнырдыгæй чысайнаг ныхасыздæхтæн йæ территори æмарæн у Хъуды ком, Арагуийы ком æмæ Базалетимæ. Ныгуылæнырдыгæй чысайнаг ныхасыздæхты ареал къуыдайраг ныхасыздæхты ареалæй хицæн кæны Присы рагъ. Ацы рагъæн йе скæсæнырдыгæй дæр ма ис къуыдайраг хъæутæ, зæгъæм, Сарабукъ. Фæлæ Уанат-Ередæй фалæмæ дзурынц æхсæйнаг ныхасыздæхтыл, æмæ ацы ныхасыздæхт хауы чысайнаг ареалмæ.[1]

Нырыккон орфографи Рагон туаллаг ныхасыздæхт (XIX æнусы онг) Къуыдайраг-туаллаг Алагираг (XX æнусы онг) Урс-туаллаг (рукъаг)æмæ чысайнаг Куырттатаг Туаллаг (XX æнусы онг)
Салам Салам Салам Шалам Салам Шалам Салам
Кусынц Кусынч Кусынч Кушынц Кусынц Кушынс Кусынц
Чызджы цæстытæ Кызгы чæстытæ Чызджы шæстытæ Чызджы цæштытæ Чызгы цæстытæ Чыжджы сæштытæ Чызджы сæстытæ
Дзæбæх Джæбæх Джæбæх Дзæбæх Дзæбæх Зæбæх Зæбæх
Цу Чу Чу Цу Цу Су Су
Хуыцау Хуычау Хуышау Хуыцау Хуыцау Хуысау Хуысау
Дзурынц Джурынч Журынч Дзурынц Дзурынц Зурынс Зурынц
Цыбыр Чыбыр Чыбыр Цыбыр Цыбыр Сыбыр Сыбыр
Уацилла Уачилла Уашилла Уацилла Уацилла Уасилла Уасилла

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзиццойты Юри. Чысайнаг ныхасыздæхты цыбыр афыст. — Цхинвал, «Хуссар Алани», 2008.