Элахийе (перс. الهیه) у престижджын район Тæхраны цæгаты. Хауы агломераци Стыр Тæхранмæ æмæ у шахрестан Шемиранаты сконды. Элахийейы ис Тæхраны тæккæ зынаргъдæр бæстыхæйттæ. Уымæй уæлдай ма районы æрбынат кодтой бирæ дипломатон минæварæдтæ (зæгъæм, Швейцарийы æмæ Кубæйы минæварæдтæ), стæй Уæрæсейы минæварады клуб.

Проспект Фереште у, хъуыддаджы къантортæ кæм сгуппар сты, цæгат Тæхраны ахæм ран. Ам æрбынат кодтой бирæнымæцон дуканитæ, ресторантæ æмæ фæсарæйнаг фирмæты минæварæдтæ. Тæхраны скондмæ бацæуыны агъоммæ район Элахийе уыди Мозафереддин-сахы, фæстæдæр та, Ираны хъæздыгдæр сылгоймаг чи уыди, йæ уыцы чызджы сæрмæмулк.