Эмин, Геворг
Гево́рг Эми́н (æцæг ном — Мурадя́н Григоры фырт Карлен, сом. Կարլեն Գրիգորիի Մուրադյան; 1919—1998) — сомихаг советон поэт.
Геворг Эмин | |
---|---|
сом. Գևորգ Էմին | |
Гуырæн ном | сом. Կառլեն Մուրադյան |
Райгуырды датæ | 1919-æм азы 30 сентябры[1][2] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1998-æм азы 11 июны[3][4] (78 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | поэт, фыссæг, прозаик, тæлмацгæнæг |
Уацмысты æвзаг | сомихаг æмæ уырыссаг |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынРайгуырд 1919-æм азы 30 октябры Аштарачы хъæуы Сомихы Республикæйы, службæгæнæджы бинонты. 1935-æм азы каст фæцис скъола. 1936—1940-æм æзты ахуыр кодта Ереваны политехникон институты. Райста инженеры диплом гидротехникон амаддзæгты дæсныйадимæ. 1941—1942-æм æзты куыста прорабы æххуысгæнæгæй æмæ прорабæй гидроэлектростанцийы арæзтады. 1942—1944-æм æзты службæ кодта Сырх Æфсады, Стыр Фыдыбæстæйы хæсты хайадисæг.[5]
СЦКП-йы уæнг 1953-æм азæй. Амард 1998-æм азы 11-æм июны. Ныгæд у Кармраворы.
Сфæлдыстад
ивынЛиатературæйы хаххыл архайдта 1938-æм азæй. 1956-æм азы фæцис Мæскуыйы бæрзноддæр литературон курстæ. 1969—1972-æм æзты — журнал "Литературон Сомих"-ы сæйраг редактор.
Мыхуыры рауагъта æмдзæвгæты цалдæр æмбырды: «Нахашавиг» («Предтропье») (1940), «Ног фæндаг» (1949), «Агуырд» (1955), «Абоны онг» (1959), «Ацы кары» (1968), «Ссæдзæм æнус» (1970), «Авд зарæгы Сомихыл» (1974), «Æнус. Зæхх. Уарзондзинад» (1974), «Солдаты дневникæй» (1985), амæ ма эссетæ «Æнусы фæндаггон» (1985), «Зæрватыкк Аштаркæй» (1988).
Эмины поэзи тæлмац кодтой уырыссаг æвзагмæ Д. С. Самойлов, Ю. Д. Левитанский, Б. А. Слуцкий, М. С. Петровых, Л. Озеров, Е. М. Николаевская, М. Н. Рыжков. Йæ сфæлдыстады поэт здæхы Сомихы трагикон ивгъуыд афонмæ, дуне æмæ аивады хъысмæтмæ; дзуры сомихаг лизджыты тыххæй, зæууат æмæ æххормагыл, сомихаг адæмты геноциды тыххæй фæсреволюцийы æзты. Эдвард Кузьмины критик дзырдта: «Геворг Эмины поэзийы зæлы йе ’мзæххонтæн цы характерон историйы æнкъарæтæ ис, уыдоны нæрд: алчидæр дзы ’нкъары йæхи бæрн миназдзыд адæмы историйы, сæ туджы ис — сæ зæрдыл дарынц Семимаридæйы бабырстытæ, персайнаг ордаты, араббæгты æмæ сельджукты...Эмины æмдзæвгæты ис егъаудзинад. Фæлæ зæрдæхæлардзинадимæ хæрам нæ кæнынц».[6]
Уырыссагæй сомихагмæ ратæлмац кодта В. В. Маяковскийы, М. И. Цветаевайы, С. А. Есенины, Пастернакы, Е. А. Евтушенкойы, А. А. Вознесенскийы, Р. Г. Гамзатовы, Арагоны æмæ ма Э. М. Ремаркы роман.
Библиографи
ивын- Æвзæрст æмдзæвгæтæ: 3 томы.: Тæлм. сомих.; [Бахизæны уац Е. Евтушенко]. — М.: Художественная литература, 1979.↵
- Т. 1: Æмдзæвгæтæ. — 1979. — 342 ф.: ил.
- Т. 2: Прозæ: Авд зарæджы Сомихы тыххæй. — 1979. — 222 ф.: ил.
Мысæн
ивын- 2000-æм азы рауагъдæуыд Сомихы посты маркæ Эмины номыл.
Хорзæхтæ æмæ премитæ
ивын- Сталины преми æртыккаг къæпхæны (1951-æм — "Ног фæндаг"-ы æмдзæвгæты æмбырды тыххæй, 1949-æм азы.
- СССРЦ-ы Паддзахадон преми (1976-æм азы — йæ 1974-æм азы æмдзæвгæты æмбæрды тыххæй «Æнус. Зæхх. Уарзнодзинад»).
- Октябры Революцийы Орден (16.11.1984)
- Адæмты Хæлардзинад Орден (28.09.1979)
- Дыууæ ордены «Кады нысан» (27.06.1956, 10.10.1969)
- Майдан «Хъаруджын архайды тыххæй Стыр Фыдыбæстон хæсты 1941-1945 æзты».
Æрвитæнтæ
ивын- Биографи фонд «Хайазг»-ы сайт
- Чи у чи сомихаг дунейы — Эмин Геворг (1919-1998)
- Эмин, Геворг // Цыбыр литературон экнциклопеди литературная энциклопедия / Сайраг ред. А. А. Сурков. — М. : Советон энциклопеди, 1962—1978.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. Խուդավերդյան — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
- ↑ 2,0 2,1 Հայկական համառոտ հանրագիտարան (сом.) — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1990.
- ↑ Gevorg Emin // SNAC (англ.) — 2010.
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ Эмин Геворг, биографи
- ↑ Э. Кузьмина. Голос Армении // «Новый мир», 1976, № 1, с.287.