Тевфик Эсенч (тур. Tevfik Esenç; убых. Зэйшъо Тевфик, Zayśua Tevfik; 1904-æм аз, Хаджи-Осман, Турк1992-æм азы 7 октябры) уыди, йæ мадæлон убыхаг æвзаг чи зыдта, фæстаг ахæм адæймаг. Уыди, убыхаг æвзаг чи иртæста, уыцы ахуыргæндтæ Жорж Дюмезиль, Г. Г. Фогт æмæ М. А. Кумаховы информант. Абхазаг фыссæг Баграт Шинкубайы роман «Последний из ушедших»-ы сæйраг геройы прототип.

Тевфик Эсенч
тур. Tevfik Esenç
Райгуырды датæ 1904
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1992-æм азы 7 октябры(1992-10-07)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз лингвист, политик, паддзахадон кусæг

Цардафыст

ивын

Тевфик райгуырдис Хаджи-Османы хъæу Турчы. Хъомыл æй кодта, Цæгат Кавказы Убыхы бæстæйы чи райгуырдис æмæ канд йæ мадæлон убыхаг æвзаг хорз чи зыдта нæ, фæлæ убых Османты империмæ æрвыст куыд æрцыдысты, уыцы хабæрттæ иттæг хорз чи хъуыды кодта, йæ уыцы фыдыфыд Ибрагим.

Цалынмæ Стамбулмæ граждайнаг службæмæ нæ ацыди, уæдмæ Эсенч уыди йæ райгуырæн хъæуы администрацийы сæргълæууæг. Стамбулы йын фæци фадат æмгуыст кæнын францаг лингвист æмæ мифолог Жорж Дюмезилимæ. Эсенч ын радзырдта бирæ хабæрттæ канд æвзаджы тыххæй нæ, фæлæ ма йæ адæмы мифологи, культурæ æмæ æгъдæутты тыххæй.

Тевфик Эсенч йæ мадæлон æвзагæй уæлдай ма хорз дзырдта туркау, стæй зыдта черкесаг æвзаджы хакучинаг диалект.

Эсенчы цыртыл ис ахæм фыст: «Ам ныгæд ис Тевфик Эсенч, убыхаг æвзаг чи зыдта, уыцы фæстаг адæймаг».

Жорж Дюмезиль æмæ Тевфик Эсенч сты, «Le verbe oubykh» (1975), зæгъгæ, убыхаг æвзаджы тыххæй ацы куысты æмавтортæ.