Гогебашвили, Яков Симоны фырт
Яков Гогебашвили (гуырдз. იაკობ გოგებაშვილი; райгуырдис 1840-æм азы 15 октябры — амардис 1912-æм азы 1 июны) уыдис гуырдзиаг педагог, журналист æмæ сывæлæтты фыссæг; нымад у Гуырдзыстоны зонадон педагогикæйы бындурæвæрæгыл.
Яков Симоны фырт Гогебашвили | |
---|---|
гуырдз. იაკობ გოგებაშვილი | |
Райгуырды датæ | 15 (27) октябры 1840 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1 (14) июны 1912 (71 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | журналист, фыссæг, педагог, публицист, сывæлæтты фыссæг, æхсæнадон архайæг |
Уацмысты æвзаг | гуырдзиаг |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Хъуыстгонд ма у, сывæллæттæн иттæг дæсныйæ цы абетæ («Мадæлон æвзаг»; гуырдз. დედა ენა [дэда эна]) сарæзта, уый руаджы дæр. Ацы чиныг, ивддзинæдтæ йæм бахастæуыд, афтæмæй ныры онг у ахуыргæнæн чиныг гуырдзиаг скъолаты.
Цардафыст
ивынЯков Гогебашвили райгуырдис Гуырдзыстоны сахар Гурмæ хæстæг хъæу Варианийы, мæгуыр сауджын Симон Гогебашвилийы бинонты ’хсæн. Ахуыр кодта фыццаг Гуры æмæ Тбилисы семинартæ, фæстæдæр та, 1861-æм азы бацыдис Киевы динон академимæ. Æмрæстæджы уый цыдис, Киевы университеты æрдзон зонæдты тыххæй цы лекцитæ кастæуыд, уыдонмæ. Ам Гогебашвили базонгæ ис уырысы рухстауджытæ Герцен, Белинский æмæ Чернышевскийы политикон идейæтимæ, фæлæ уæддæр, йе ’мдуггаг бирæ гуырдзиаг студенттæй хъауджыдæр, уый нæ бахаудис, Уæрæсейы бирæ рæтты парахат чи уыдис, уыцы радикалты тæваджы бын. Йæ зондахастыл тынг бандæвта динон семинар. 1863-æм азы Яков Гуырдзыстонмæ куы сыздæхтис, уæд райдыдта кусын Тбилисы динон семинары арифметикæ æмæ географийы ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та ссис уыцы ахуырдоны инспектор.
Гогебашвили уыдис национ-либералон змæлды æмæ къорд «Пирвели даси»-йы активон архайæг. Гуырдзыстоны йæ ном арæх æвæрынц Илья Чавчавадзе æмæ Акаки Церетелийы нæмтты æмрæнхъ.
Цы фатеры цардис, уырдæм-иу арæх цыдысты семинары студенттæ, æмæ рæхджы ссис, официалонæй хъодыгонд чи уыдис, ахæм аивадон æмæ политикон темæтыл ныхас æмæ дискусси кæнæн бынат. Æхсæндзарды мидæг Яков активон кæй уыдис, уый фыдæй йæ Сыгъдæг Синоды бардзырдмæ гæсгæ йæ куыстæй рацух кодтой, æмæ уæдæй фæстæмæ уый паддзахадон бынæттæ никуы ахста.
Семинарæй йæ куы ацæуын кодтой, уæдæй фæстæмæ Гогебашвили йе ’ппæт хъарутæ дæр снывонд кодта йе ’мзæххонты ’хсæн ахуырдзинад парахат кæныны хъуыддагæн. 1879-æм азы Яковы æххуысæй æрæвæрдæуыд Гуырдзиæгты ’хсæн ахуырдзинад парахат кæныны æхсæнады бындур. Гогебашвили интеллигенцийы ’хсæн тагъд ссис авторитет, йе ’мтохгæнæг та ссис, гуырдзиаг наци сæндидзыны сæраппонд змæлдæн, суанг 1907-æм азы йæ тыхмарды онг, йæ сæргъы чи уыдис, уыцы Илья Чавчавадзе.
Гогебашвилийы тæккæ зындгонддæр уацмыс у, 1876-æм азы кæй рауагъта, уыцы абетæ («Дэда эна»). Ацы чиныг мыхуыргонд уыдис бирæ хæттыты.
Яков Гогебашвили амардис 1912-æм азы. Баныгæдтой йæ пантеон Мтацъминдайы.