Чиндзи
(Coriandrum sativum-æй æрвыст)
Чиндзи[1][2][3] кæнæ тымбыл хъонтхора, дыгур. кендзе (лат. Coriandrum sativum, уырыс. Кориандр, Кинза) у популярон цæхæрадоны кæрдæг.
Чиндзи | ||||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||||
Домен: Паддзахад: Дæлпаддзахад: Хайад: Кълас: Къорд: Бинонад: Дæлбинонад: Трибæ: Мыггаг: Хуыз: Чиндзи |
||||||||||||||||
Æхсæнадæмон зонадон ном | ||||||||||||||||
Coriandrum sativum L., 1753 | ||||||||||||||||
Синонимтæ | ||||||||||||||||
|
Ацы кæрдæгæй адæм рагæй базыдтой, игæрæй маст æддæмæ кæй тæры, уый. Йæ мыггæгтæ йын амонынц С-авитаминозы (цингайы) ныхмæ. Хосæн хорз сты йæ цъæх сыфтæ. Бафтауынц сæ алыхуызон салаттыл, бутербродтыл æмæ дзидзайæ конд алыхуызон хæринæгтыл. Йæ мыггæгтæй дзæвгар хъæздыгдæр свæййынц аджикæ, цæхджынтæ, маринадтæ. Сты «хмели-сунелийы» ахсджиаг æфтауæн.
Чиндзийы нæмгуытæ дæттынц зынаргъ зети — уымæй пайда кæнынц техникæ æмæ парфюмерийы.
Чиндзийы дидинджытæ æвзæры бирæ нектар, уымæй мыдыбындзытæ кæнынц адджын æмæ рæсугъд сырхбын мыд.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I-æм том. 596 ф.
- ↑ Техов Ф. Д. Названия растений в осетинском языке. Цхинвали: Издательство «Ирыстон».
- ↑ Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.