Мугæ
(Mespilus-æй æрвыст)
Мугæ, дыгур. могæ, хуссар ныхасыздæхтыты мантъылы[1] дæр (лат. Mespilus, уырыс. Мушмула) у дыргъхæссæг бæлас.
Мугæ | ||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||
|
||||||||||||
Латинаг ном | ||||||||||||
Mespilus L. | ||||||||||||
|
Мугæ дих кæнынц дыууæ хуызыл: гермайнаг (Mespilus germanica, иуæй-иу ахуыргæндтæ равзарынц кавказаг мугæ дæр) æмæ америкæйаг Mespilus canescens (сырх дыргътимæ).
Æппæты хуыздæр зайæн бынат 500-1500 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр. Фæлæ æстæм хатт уымæй уæлдæр бынаты дæр фæзайы. Кæны урс дидинæг.
Дыргътæ
ивынМугæйы дыргътæ сты морæ, сæ диаметр у 2—3 см. Фæлæ ис ахæм хуыз мугæ, æмæ йæ дыргъты диаметр у 7 см. Иу бæлас фæдæтты 12-16 килограммæ ’ввахс дыргътæ.
Мугæйы дыргъты ис бирæ адæмы пайдайæн буаргъæдтæ, ахæмтæ куыд фруктозæ, глюкозæ, каротин, витамин C æмæ æндæртæ. Мугæйы дыргътæ пайда кæнынц сæн æмæ ликёр уадзынæн дæр.
Кæс ноджы
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.