«Æфсир» уыд, Коцойты Арсен Калачы кæй уагъта, уыцы журнал ирон æвзагыл. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн.

«Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл. Журнал «Æфсир» мыхуыр кодта Коцойты Арсены, Хъороты Дауыты, Тменаты Елбыздыхъойы, Тлатты Хохы, Гулиты Ефимы, Рæмонты Тæтæйы, Гаглойты Рутены, Тыбылты Алыксандры, Хъоцты Бидзинайы, Цæголты Георгийы æмæ æндæрты уацмыстæ, стæй ирон æвзагмæ тæлмацгонд уацмыстæ дæр.

Журнал либералон позицитыл лæуыд кæй уыд, уый тыххæй Коцойты Арсен йæхæдæг фыста: «Ноджыдæр ма уый зæгъæм, æмæ нæ журнал иу партийырдæм дæр, иу къордырдæм дæр нæ кæндзæн, фæлæ нæ ныхас кæддæриддæр уыдзæн мæгуыр, бархъуаг æмæ тыхст адæмы пайдайырдæм».

«Æфсир» æхгæд куыд æрцыди

ивын

«Æфсир» æхгæд æрцыди 1910 азы 23 майы. Йæ фæстаг 14-æм номыр Коцойты Арсен журналы сæхгæдæн кæд æсон ссардта, ома, ирон дамгъæуадзджытæ Калакæй фæлыгъдысты зæгъгæ, уæддæр бынтон афтæ нæ уыди. Дамгъæуадзæг Козаты Никъо радзырдта, йе ’рвад Козаты Димитримæ кæй æмбырд кодтой журнал «Æфсир»-ы æрмæг. Димитр Къахетмæ цæрынмæ куы алыгъд, уæд Никъо иунæгæй æмбырд кодта журналы фæстаг номыры онг. «Æфсир» æхгæд куы æрцыд, уый фæстæ ма Никъо дæс азæй фылдæр фæкуыста уыцы типографийы.

Литературæ

ивын
  • Четиты Рубен. Ирон мыхуыры фыццаг фæлварæнтæ. // «Рæстдзинад», 1997 азы 14 январы