Абациаты Дзамболат

Уæрæсейы æфсады инæлар-лейтенант

Абациаты Къостайы[кæцæй ист у?] фырт Дзамболат (Дмитрий) (райгуырдис 1857-æм азы 3 декабры Хъæдгæроны — амардис 1936-æм азы Белграды), Уæрæсейы æфсады инæлар-лейтенант.

Абациаты Дзамболат
Райгуырды датæ 1857-æм азы 3 декабры(1857-12-03)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1936-æм азы 4 июны(1936-06-04) (78 азы)
Мæлæты бынат
Æфсæдты хуыз кавалери[d]
Æфсæддон куысты азтæ 18761920
Хуындад инæлар-лейтенант[d]

Каст фæцис Вильнойы Фистæгæфсæддон юнкерон училище, æмæ уымæй райдыдта йе ’фсæддон цард.

Архайдта 1877-æм азы Турчы ныхмæ хæсты Болгарийы, стæй Туркестаны æмæ Японы.

Йæ дарддæры цард баст уыдис Кавказимæ. Сæвæрдтой йæ хъазахъхъаг дивизийы сæргълæууæгæй, 1912-æм азы январы сси инæлар-лейтенант. Фыццаг дунеон хæсты райдианы Дзамболат йæ дивизиимæ бахаудис Кавказы фронтмæ, ногæй хæцыдис османты æфсады ныхмæ.

1917-æм азы фæстæ Дзамболат ног паддзахадæй хорзæй ницæмæ æнхъæлмæ кастис æмæ ацыдис фæсарæнтæм. Цардис Югославийы, куыста университеты библиотекæйы.

Æддаг æрмæг

ивын