Абовян, Хачатур
(Абовян Хачатур-æй æрвыст)
Хачатур Аветисы фырт Абовян (сом. Խաչատուր Աբովյան; райгуырдис 1809-æм азы 15 октябры, Канакер — 1848-æм азы 14 апрелы æвæд сæфт фæкодта) — зындгонд сомихаг фыссæг, нырыккон сомихаг æвзаг æмæ ног сомихаг литературæйы бындурæвæрæг, педагог, этнограф, рухстауæг.
Хачатур Абовян | |
---|---|
сом. Խաչատուր Աբովյան | |
Райгуырды датæ | 1809-æм азы 15 октябры[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1848-æм азы 14 апрелы[1][3][…] (38 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | этнографи æмæ фольклористикæ[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Викикъæбицы медиа |
Абовяны роман «Сомихы цæфтæ» литературæмæ бауагъта нырыккон сомихаг æвзаг, уый агъоммæ сомихагау чи фыста, уыдон пайда кодтой æвзаджы рагон формæйæ, грабарæй.
Абовян ма хорз зыдта курдаг æвзаг, курдаг адæмы цардыуæг æмæ фольклор. Æппæт уыдæтты тыххæй фыста уырыссагау, Тифлисы газет «Кавказ»-ы чи мыхуырæй цыдысты, йæ уыцы уацты.
Ереваны паддзахадон педагогон университет хæссы Хачатур Абовяны ном.
Æддаг æрмæг
ивын- ВикиКъæбицы ис медиафайлтæ ацы темæйыл — Khachatur Abovian
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 Roux P. d. Nouveau Dictionnaire des œuvres de tous les temps et tous les pays (фр.) — 2 — Éditions Robert Laffont, 1994. — Vol. 1. — P. 7. — ISBN 978-2-221-06888-5
- ↑ 2,0 2,1 2,2 2,3 2,4 2,5 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. Խուդավերդյան — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
- ↑ Чешская национальная авторитетная база данных