Аконкагуæ
Аконка́гуæ (исп. Aconcagua) у дунейы тæккæ бæрзонддæр хуыст вулкан. Йæ бæрзонд у 6962 м. Уыимæ ма уæлдæр цъупп у ныгуылæн æмæ хуссар æрдæгтымбылджыты, Америкæйы континенты, Хуссар Америкæйы.
Аконкагуæ | |
---|---|
исп. Aconcagua | |
| |
Кæм ис | |
32°39′ ю. ш. 70°00′ з. д.HGЯO | |
Ран | Аргентинæ |
Хохы системæ | Андтæ |
Характеристикæтæ | |
Бæрзæнд | 6962 м |
Фыццаг сцыд | Матиас Цурбригген 1897-æм азы |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Хохы номы равзæрд бæлвырд иртæст нæу, иутæ йæ хонынц араукайнаг æвзагæй рацæугæ («цæугæдон Аконкагуæйы иннæ ’рдыгæй»), иннæтæ та æвзаг кечуайæ — «Дурын хъалагъур». Хох равзæрди дыууæ къæйы (Наскæ æмæ Хуссар—Америкаг) кæрæдзи куы скъуырдтой уæд.
Æвæрд
ивынÆвæрд у Централон Андты Аргентинæйы территорийыл. Алырдыгæй йæм æнгом лæууынц хæххон рæгътæ: цæгат æмæ скæсæны ’рдыгæй рагъ исп. Valle de las Vacas, хуссар æмæ ныгуылæны ’рдыгæй та исп. Valle de los Horcones Inferior. Хох хауы национ парк Аконкагуæмæ. Йæ фæхстыл ис бирæ цъититæ, тæккæ егъаудæртæ — цæгатскæсæны æмæ скæсæны цъититæ.
Маршруттæ
ивынАконкагуæ нымад у альпинизмы техникон æмбарынадмæ гæсгæ æнцон хохыл, куы сцæуай цæгатаг фахсыл уæд. Схызты рæстæг бæрзонды тæваг йæхи æнкъарын кæны, цъуппыл уæлдæфы æлхъывд у афтиддæр 40% дæнджызы æмвæзадæй, фæлæ уæддæр туаггуыры балонтæй пайдагæнын нæ бахъæуы. Маршруты ацыды минималон рæстæг фидаргонд æрцыдис 1991-æм азы.
Дыккаг маршрут у Польшæйы цъитийы уылты. Хохмæ бафсæрæн цæуы ком Вакасыл (исп. Vacas), уый фæстæ схызт Польшæйаг цъитийы бындурмæ, стæй — фыццаг маршрутимæ баиу вæййы æмæ цъупмæ схизы. Хуссары æмæ хуссар-ныгуылæн хæххон рæгъты уылты маршруттæ нымад сты тынг зынтыл сцæуынмæ.
Историйы фыццаг бæрæг фæлварæн цъупмæ сцæуынмæ, уыдис конд анлисаг Эдвард Фицджералды экспедицийæ. 14 январы цъупмæ бахæццæ швейцариаг Матиас Цурбригген, цалдæр боны фæстæ — экпедицийы дыууæ æндæр архайæджы.
Ныр схызты размæ альпинисттæ хъуамæ Мендосæйы, Националон парк Анкогуайы бынæттон хицауадæй, балхæной фæуагъд (уырыс. пропуск). Æргътæ ивынц сезонмæ гæсгæ.
Хохмæ схызт цæуы ацы æхсæйнаг тæппыты уылты (бæрзонды бæрæггæнæнтæ æввахсист сты):
- Пуэнте-дель-Инка — 2725 м.
- Конфлюэнци — 3500 м.
- Пласа-дель-Мулас — 4370 м.
- Пласа Канада 24 — 4910 м.
- Нудо де Кондорес — 5380 м.
- Берлин — 5780 м.
- Цъупп — 6962 м.
Цæгат Ирыстоны альпинисттæ Аконкагуæйыл
ивынЦæгат Ирыстоны альпинисттæ схызтысты Хуссар Америкæйы бæрзонддæр цъуппмæ 2010-æм азы мартъийы[1]. Уыдон сæвæрдтой цъуппыл Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны тырысатæ. Альпинистты къорды разамонæг уыдис Хæмыцаты Хъазыбег.