Ана́ния Ширакаци́ (сом. Անանիա Շիրակացի; 610-æм азмæ ’ввахс — 685-æм азмæ ’ввахс[6]) у сомихаг географ, философ, математик, картограф, историк, астроном æмæ алхимик, рагсомихаг æрддзоны бындурæвæрæг.

Анания Ширакаци
Անանիա Շիրակացի
Анани Ширакацийы дурсурæт, 1963-æм аз
Анани Ширакацийы дурсурæт, 1963-æм аз
Гуырæн ном сом. Անանիա
Райгуырды датæ 610[1][2]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 685[2]
Мæлæты бынат
Зонады къабаз математикæ, астрономи æмæ æрдззонæн[d]
Альма-матер
Зындгонд у куыд «Ашхарацуйц» къухфысты автор
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Райгуырдис Ширачы бæстæйы. Хаттæй-хатт йæхи хоны Ширакаванци, Ширакаваны бынаты номæй. Йæ фыды ном уыдис Ованнес[7]. Сомихы райдайæн ахуырад куы райста, уæд араст ис дарддæры ахуырмæ Византиймæ. Феодосиополы (Карин) сахары ууылты æрбахæццæ IV Сомихы провинцимæ, уым ахуыр кодта математик Кристосатурмæ. Цыдæр рæстæгы фæстæ æрцыд Трапезундмæ, уым йæ ахуыргæнæг сси зындгонд ахуыргонд Тихик. Ширакаци йæхæдæг куыд фыссы, уымæ гæсгæ Тихик куыд сомихаг фыссынады зонæг. Ам фæцахуыр кодта 8 азы дæргъы. Ахуыры фæстæ раздæхтис Сомихмæ, уым райдыдта йæ зонадон æмæ ахуырадон архайынад. Йæ райгуырæн бынаты бакодта скъолатæ, ахуыр дзы цыдисквадривиумы бындурыл.

Куыстытæ

ивын
 
XIX-æм æнусы нывгæнæджы тæлмæнтæ Анании Ширакацийæ
 
Фарс Анании Ширакацийы арифтетикæйæ, 1283 аз
 
Сомихаг посты маркæ Ширакацийы нывимæ, 2005

Сомихаг ахуыргонд ныффыста 20 куыстæй фылдæр, космографийыл æмæ географийыл:

  • «Анании Щиракацийы математикæ»
  • «Фарстыстæ æмæ дзуаппытæ» (арифметикон рардты æмбыргонд)
  • Трактат къæлиндар æмæ космографийы тыххæй
  • «Географи»

Историон ратæдзæнтæй зындгонд у, æмæ Анастаст католикосы бадзырдмæ гæсгæ сарæзта сомихаг къæлиндар.

«Ашхарацуйц»

ивын

Ширакаци ныууагъта «Дунейы географион атлас», фылдæр зындгонд у куыд «Ашхарацуйц». Уым биноныгæй фыст цæуы Сомихы историон географийы тыххæй. Раздæр уыцы къухфысты авторыл нымадтой Мовсес Хоренацийы. Фыццаг хатт æй мыхуыры рауагътой 1683-æм азы Марселы.

Хроникæ

ивын

VII-æм æнусы анонимон «Хроникæйы» авторы дæр хонынц Анани Ширакацийы[8]. Уым автор фыссы Персы, Вавилоны, Ромы, Византияйы æмæ æндæр бæстæты историйы тыххæй, пайда кæны Хоренацийы, Себеосы æмæ иннæты куыстытæй. «Хроникæ» райдайы Адамы замнæй æмæ фæвæййы 685-æм азæй, цæуы дзы хазарты бабырсты афыст Сомихы, Гуырдзыстоны æмæ Албанийы ныхмæ.

«Космографи æмæ къæлиндар»

ивын

Уымæй дарддæр ма Ширакаци у 48 хæйттæй конд «Космографи æмæ къæлендары» автор. Уым фыст цæуы астрономийыл, метеорологийыл æмæ физикон географийыл. Ширакаци дунейы сконд барста айчы структурæимæ (Зæхх — айчы бур, атмосферæ — айчы урс, уæларв — айчы хъузг) æмæ архайдта Хурæй Мæймæ дæрддзæджы бæрц базоныныл. Уыимæ иумæ, æнхъæлдта æмæ Арфæныфæд у стъылыты дзыгуыр[9].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. (unspecified title)ISBN 978-2-7089-6874-5
  2. 2,0 2,1 Oxford Dictionary of Late Antiquity / ред. O. NicholsonОксфорды университеты рауагъдад. — Ф. 68.
  3. Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. ԽուդավերդյանՀայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
  4. Архив по истории математики Мактьютор — 1994.
  5. Հայկական սովետական հանրագիտարան (сом.)Երևան: 1974. — Т. 1.
  6. Анани Ширакаци — Православная энциклопедия, 2000 — фарс 224.
  7. Michael E. Stone/ Adam and Eve in the Armenian Traditions, Fifth through Seventeenth Centuries. — Society of Biblical Lit, 2013. — P. 684.
  8. Ph.Wood/ History and Identity in the Late Antique Near East. — Oxford University Press, 2013. — P. 32.
  9. R.Agarwal/ Syamal Sen. Creators of Mathematical and Computational Sciences. — Springer, 2014. — P. 103.

Литературæ

ивын
  • Анания Ширакаци. Космография. — Пер., пред. и комм. К. С. Тер-Давтян и С. С. Аревшатяна. — Ереван, 1962.
  • Абраамян А. Г. Научные труды ученого VII в. Анании Ширакаци. — Ереван, 1944.
  • Абраамян А. Г. Таблицы лунного круга Анании Ширакаци. — Ереван, 1965.
  • Абрамян А. Г., Петросян Г. Б. Анания Ширакаци. — Ереван: Изд-во ЕрГУ, 1970. — 176 с.
  • Орбели И. А. Вопросы и решения вардапета Анания Ширакца, армянского математика VII века. В кн.: Орбели И. А. Избранные труды. — Ереван, 1963. — С. 512—531.