Ашхарацуйц
Ашхарацу́йц (сом. Աշխարհացոյց, дзырдæй-дзырдмæ: «Дунейы амонæг») у Рагон Сомихы географийы æмæ картографийы æвдисæн, фыстæуыд VII æнусы райдайæны[1]. Бирæ рæстæджы дæргъы йын йæ авторыл нымадтой Мовсес Хоренацийы, фæлæ нырыккон рæстæджы «Ашхарацуйцы» авторы хонынц Анания Ширакацийы. Къухфыст фиксаци кæны сомихаг национ хиæмбарынады æмæ иудзинады концепци.
Чиныджы апп
ивынКъухфысты ратæдзæнтæ уыдысты антикон географтæ, ныр сæфт астæуперсайнаг географион æрмæджытæ, уымæй дарддæр ма бынæттон фæскавказон æрмæджытæ[2]. «Ашхарацуйцы» фыццаг хайы фыст цæуы дунейы сконды тыххæй, йæ рельефы, йæ климæты, денджызты æмæ а.д. Дыккаг хайы фыстæуы уæды зындгонд материкты афысты тыххæй — Европæ, Ливи (Африкæ) æмæ Ази. Амоны сын сæ бынат, æвдисы материкты цы адæмтæ цæры, уыдоны нæмттæ, нысангонд дзы сты сæйраг денджызтæ, хæхтæ, флорæ, фаунæ æмæ æнд.
Сæйраг хъусдард «Ашхарацуйцы» дардæуы Раззаг Азийы бæстæты афыстæн — Сомихы, Иберийы, Алуанчы, Чысыл Азийы, Сирийы, Ираны, Месопотамийы.
Фиппаинæгтæ
ивынÆддаг æрмæг
ивын- Оригинал рагсомихаг æвзагыл
- «Сомихаг Географи VII æнусы» / Тæлмацгæнæг К. П. Патканова. — СПб., 1877.
- Сомихаг географийы нæуæг номхыгъд 1883
- The Geography, to which is added a selection of Vardan's fables called Aluesagirk., 1668, Amsterdam