Ансари, Ануше
Ануше́ Ансари́ (перс. انوشه انصاری, райгуырд 1967-æм азы 12 сентябры Мешхеды) у АИШ-ы цæрæг персайнаг амалиуæггæнæг, фирмæ Prodea Systems-ы бындурæвæрæг æмæ сæргълæууæг. Зындгонд сси йæ космосмæ балцы фæстæ.
Ануше Ансари | |
---|---|
англ. Anousheh Ansari | |
Райгуырды датæ | 1966-æм азы 12 сентябры (58 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | амалиуæгдар, космосон турист |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Сайт | anoushehansari.com |
Викикъæбицы медиа |
2004-æм азы Ануше æмæ йе ’фсымæр Амир цалдæр милуан доллæры балæвæр кодтой фонд X-Prize-мæ (уый фæстæ фонд хуыйны Ansari X-Prize). Фонды сæйраг нысан у космосон нау саразын.
Ансарийы рагæй фæндыди космосмæ тæхын æмæ йын 2006-æм азы ахæм фадат фæзынди. Уыцы аз 18 сентябры уый стахти Байконурæй æмæ уымæй сси фыццаг ирайнаг æмæ фыццаг пысылмон сылгоймаг космосы. Йæ тахт 29 сентябрмæ адаргъ и.