Араббы æрдæгсакъадах
Араббы æрдæгсакъадах, Арабб[1], вариант: Арапп[2] (арабб. جزيرة العرب jazīratu l-ʿarab) дæр, у егъау æрдæгсакъадах Азийы ныгуылæны — Сырх денджыз, Индийы фурд æмæ Персы бакæлæны ’хсæн. Йæ фылдæр хай æдзæрæгран у — цæгаты Нефуд, хуссары Руб-аль-Хали.
Араббы æрдæгсакъадах | |
---|---|
Характеристикæ | |
Фæзуат | 3 250 000 км² |
Ран | |
23° с. ш. 47° в. д.HGЯO | |
Акватори | Сырх денджыз, Персы бакæлæн, Араббы денджыз, Оманы бакæлæн, Адены бакæлæн |
Бæстæтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Æрдæгсакъадах æмæ йæ цуры сакъадæхтыл æрбынат сты Сауды Арабб, Йемен, Оман, Араббы Иугонд Эмираттæ, Бахрейн, Катар æмæ Кувейт. Регионæн ис егъау политикон роль, уый тыххæй æмæ дзы нефты гуырæнтæ ис. Регион у базарадон æмæ банкон системæйы ахсджиаг артдзæст.
VII æнусы Араббы сæвзæрд пысылмон дин. Йæ пехуымпар Мæхæмæты къухы бафтыд араббаг знæмтæ баиу кæнын. Фæстæдæр Рашидуны æмæ Умаййады калифады рæстæг араббаг æлдариуæг ахæлиу Араббы æрдæгсакъадахы дард æдде, фæзынди егъау пысылмон Араббаг импери — Испанийæ Индийы онг.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.
- ↑ Русско-Осетинский словарь. Составил В.И. Абаев. 25.000 слов. Государственное издательство иностранных и национальных словарей. Москва, 1950