Арага́ц (сом. Արագած), раздæр тюркагыл Алагёз — хицæнгонд хæххон массив Сомихы ныгуылæны ’рдыгæй, йæ бæрзæндмæ гæсгæ ахсы цыппæрæм бынат Сомихы уæлвæзы æмæ у иуыл бæрзонддæр хох нырыккон Сомихы. Йæ бæрзæнд у 4090 метры (4095 метры, Смитсоны институты бæрæггæнæнтæм гæсгæ). Хæххон массивы дæргъ скæсæнæй ныгуылæны ’рдæм у 40 км онг, цæгатæй хуссармæ — 35 км онг. Быннаг хайы фахс у хъæдæй æмбæрзт, уæлдæр та уыгæрдæнтæй. Арагацы бæрзæндæй пайда кодтой регион ХъарсыГюмрийы (Александрополь) — Ереваны цы æфсад архайдта, уыдонæн ориентиры хуызы.

Арагац
сом. Արագած
Арагац, фенд скæсæнæй, галиуæй рахизы ’рдæм зынынц бæрзæндтæ: Хуссар, Ныгуылæн, Скæсæн, Цæгат
Арагац, фенд скæсæнæй, галиуæй рахизы ’рдæм зынынц бæрзæндтæ: Хуссар, Ныгуылæн, Скæсæн, Цæгат
Кæм ис
40°32′00″ с. ш. 44°12′00″ в. д.HGЯO
Ран Сомих
Хохы системæ Кавказы хæхтæ
Характеристикæтæ
Вулканы формæ Стратовулкан
Бæрзæнд 4090 м [1][2]
Ахастон бæрзæнд 2143 м
Арагац (Сомих)
Арагац
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Арагац у рагон сомихаг ном, уымæй уæлдай ма йæ зыдтой Аракац, Аркадез формæты. Йæ этимологи бæлвырдгонд нæу — гæнæн ис æмæ у урартаг паддзах Аргишийы I-ы номæй арæзт, Ереваны бындурæвæрæг (Эребуни) æмæ Армавиры (Аргиштихинили). Йæ хицациуæджы заманы Урартуйы арæнтæ хæццæ кодтой уыцы хохмæ. Фыдæлты таурæгъмæ гæсгæ оронимы равзæрд баст у сомихагты патриархы номимæ — Арай.

Хохы тюркаг ном Алагёзы хицæн кæнынц ныхæстæ ала — «хъулон» æмæ гёз — дырысæй «цæст», топонимты «ратæдзæн, мæсчъыдон» кæнæ «æфцæг, ныллæг бынат хæхты рагъы» (Мурзаев, 1984-æм аз) — Фæскавказы иуыл бæрзонд бынаты номæн нæ бæззынц. Фæлæ Азербайджаны цæгаты ’рдыгæй цы бынæттон термин алагёз сфидар ис (зæхх урс тæппытимæ), уый хорз æвдисы Алагёзы сконд йæ къаннæг цъититимæ[3].

Геологи

ивын

Арагацæн ис 4 бæрзæндты, иуыл бæрзонд — цæгатаг (4090 м), ныгуылæны бæрзæнд — 4007 м, скæсæны — 3916 м, хуссары — 3879 м. Сæ уындмæ гæсгæ сты 200 км периметримæ конусы хуызæн. Бæрзæнды ’хсæн уæвы вулканы кратер, йæ арфад 350 м, йæ вæзн 2,5 км. Хæххон системæйы фæхстыл иуы 3190 м бæрзæндыл уæвы цад Кари.

Арагац у стратовулкан. Саразтæуыд плиоцен æмæ плейстоцены эпохæты райдайæны. Раздæр æнхъæлдтой æмæ вулкан активон уыд нырыккон периоды онг, фæлæ морфологикон æрмæджы æрæджыон аргоновы датировкæ сбæлвырд кодта æмæ фæстаг хатт вулкан активон уыд астæуккаг æмæ кæройнаг плейстоцены. Сомихаг вулканолог Караханяны ныхæстæм гæсгæ вулканы иуыл æвзонг конустæ, быннаг хайы кæдон сты, уыдон саразтæуыдысты 3 мин азы размæ. Арагацы фæхстæй цæуы бирæ цæугæдоны — Гехарот, Амберд, Наришд, Манташ, Гехадзор, Цахкаовит æмæ а. д.[4] (хæлцад суадонæй, къæвдайæ æмæ митæй).

Туризм

ивын

Хуссар-скæсæны фахсы уæвы Браканы астрофизикон обсерватори, цæгаты-ныгуылæны — Манташы донæвæрæн. Хохы фахсыл 2140 метры бæрзæндыл лæууы галуан Амберд. Арагацы фæхстæ иртасгæйæ дзы бирæ рагон цæрæнбынæттæ æмæ дзуæрттæ ис ссарæн, фæлæ нырма сгарстгонд не сты.

Нывæвдыст

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Арагац // Ангола — Барзас. — М. : Советон энциклопеди, 1970. — (Стыр советон энциклопеди : [30 т.] / сæйраг ред. А. М. Прохоров ; 1969—1978, т. 2).
  2. Арагац(англ.). Global Volcanism Program. Smithsonian Institution (25 July 2012).
  3. Pe
  4. ecas

Æддаг æрмæг

ивын