Арвы чызг кæнæ Арвы рæсугъдХуыцауы чызг. Цард Бæртæлæджы хæдзары. Уым ын Хуыцауы зондæй нартæй райгуырдис дыууæ фаззоны — Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Уæрхæг ын райгуырд фыццаг, æмæ Бæртæлæг зæрватыккæн зæгъы: «Табу Хуыцауæн, нартæ мыггагдзагъд нæ фесты. Фæтæх Хуыцаумæ æмæ йын зæгъ: хæрæфырт ын райгуырд». Дыккаг, Уæрхтæнæджы тыххæй дæр — афтæ. Æмæ сыл сæ конд æмæ уындмæ гæсгæ нæмттæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр сæвæрдта, сырды æхсыры сæ ныннайын кодта Хуыцау йæхæдæг.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.