Аргъуан Сурб Хач (Ростов-Доныл)

Аргъуан Сурб Хач (сом. Սուրբ Խաչ [suɾpʰ χɑtʃʰ], уырыс. Церковь Святого Креста) у сомихаг апостолты еклезийы аргъуан Ростовы-Доныл. Цы аргъуан баззадис, уый у кæддæры моладзандоны иунæг бæстыхай. Сарæзтой йæ XVIII æнусы кæрон Хъырымæй ралидзæг сомихаг адæм уыцы иу номæй цы моладзандон сæм уыдис Хъырымы, уый кадæн. У сахарæн йæ зæронддæр агъуыст йæ ныры арæнты.

Аргъуаны къам

Афыст ивын

Аргъуаны алыварс ис бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ, афтæ хуынд Цæгаты цæрæн массив. Храм æмæ йæ алфамбылай парк лæууы донæвæрæны бæрзонд фарсыл æмæ дардæй зыны. Йæ фасадæй у донырдæм, хуссармæ. Цы обауыл лæууы аргъуан, уый бынæй цæуы суадон. Суадоны цур сарæзтæуыд фæлладуадзæн фæз æмæ хинайæн. Моладзандоны найæн у Ростовы популярондæр бынæттæй иу Доныскъæфæны ленкæн.

Аргъуаны архитектурон стиль у классицизм. Композицийы ахсджиаг элементтæ сты портиктæ, къулты фæзуат та дих кæнынц пилястрытæ æмæ карнизтæ. Аргъуан у цыппæртигъон æд апсидæ скæсæнырдæгæй[1].

Аргъуанæй цæугæдон Темерникмæ схизы дурын асин. Раздæр уый дыууæ хиды сæрты цыдис гакъоны паркмæ.

Аргъуаны сæйрагдæр реликви у VI æнусы хачкар (дурæй конд дзуар), таурæгъмæ гæсгæ уый рахастой Сомихы рагон сæйраг сахар Анийæ. Ома йæ фыццаг æрбахастой Хъырыммæ, стæй та цалдæр æнусы фæстæдæр уырдыгæй — ныры Ростовмæ. Лæмбынæгдæр уыцы хачкары тыххæй кæс: Сурб Хач (хачкар).

Аргъуаны кæрты ныгæд сты сомихаг поэттæ æмæ фысджытæ Арутюн Аламдарян, Микаэл Налбаднян æмæ Рафаэл Патканян.

Истори ивын

Сурб Хачы моладзандоны аргъуанæн йæ бындур сæвæрдтой 1783-æм азы, арæзтад та райдыдта 1786-æм азы æмæ 6 азы адаргъ кодта. 1792-æм азы 27 ноябры аргъуан саргъауын кодтой, æмæ уæдæй кусын райдыдта.

Арæзтад цыдис архитектор Иван Старовы проектмæ гæсгæ, уый у Бетъырбухы Тавридæйы галуан æмæ Æртæиууоны аргъуаны автор дæр.

1862-æм азы аргъуаны ныгуылæн фасадмæ ’ввæхс сарæзтæуыд дзæнгæрæджы мæсыг бæрзонд цыппæртигъон сатыримæ. Аргъуанæй скæсæнырдæм æрбынат кодта архиерейты хæдзар. Уым 1791-æм азæй куыста иумæйаг скъола, кæцы фæстæдæр семинар сси. Семинары цур куыста библиотекæ дæр, стæй Уæрæсейы хуссары фыццаг типографи дæр. Æхсæз азы дæргъы уым ныммыхуыр кодтой 20 чиныджы[1]. Дзæнгæрæджы мæсыг æмæ архиерейты хæдзар ныры онг нæ аирвæзтысты.

Революцийы агъоммæ моладзандоны бар уыдис 50 гектары зæхх, хаццон æй лæвæрдтой зæхкусджытæн.

1920-æм азы моладзандон сæхгæдтой, фæлæ аргъуаны службæтæ ма 11 азы цыдысты 1931-æм азы онг. Амы колхоз аргъуанæй хоры æфтауцдон скодта[2].

1968—1972 азты моладзандон реставрацигонд æрцыдис бынæттон цæрæг Марк Григоряны проектмæ гæсгæ. Реставраци куы фæцис, аргъуаны бæстыхай бацахста уырыссаг-сомихаг хæлардзинады музей (уырыс. Музей русско-армянской дружбы), йæ фонды æрæмбырд кодта 10 минæй фылдæр экспонаттæ. Музей-иу баззадис аргъуаны 2007-æм азы онг[3].

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 В.П. Грудев, Ю.Н. Солнышкин, А.В. Тарасов, М.А. Честнов. Проект реставрации б. церкви монастыря Сурб Хач. — 1988.
  2. Вячеслав Грантович Вартанян. Саркис Суренович Казаров. .
  3. Музей русско-армянской дружбы. Музей русско-армянской дружбы. Российская сеть культурного наследия (20 августа 2002 г.). — Краткая официальная информация о музее. Датæ: 2009-æм азы 16 июлы.