Ардис (гуырдз. არდისი) у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы. Ардисы хъæу ис Дуалиты хъæуы сæрмæ хурскæсæн фарс, уæлвæз фæтæн быдыргонды.

Хъæу
Ардис
42°16′39″ с. ш. 44°21′06″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Цхинвалы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 7[1] адæймаджы (2015)
Ардис (Хуссар Ирыстон)

Мыггæгтæ ивын

Цардысты дзы Хуыбылтæ.[2] Куыд зæгъынц амы цæрджытæ, афтæмæй æрбафтыдысты Дзауы районы Чысыл Гуфтайы хъæуæй. Сæ фыдæл уыд Джиойы кæстæр æфсымæр Хуыбыл. Гуфтайы сын хуым зæххытæ нал фаг кодта æмæ æрцардысты ацы бынаты. Сæ фыдæл Хуыбылы номæй сæ мыггаг рахуыдтой Хуыбылтæ.[3]

Топонимтæ ивын

Хъæуы ис ахæм микротопонимтæ: Cырдджын ком, Цъæнутджын, Къæйджын хох, Къахыры æфцæг, Бæхтулæн, Дугъы фæз æмæ æндæртæ.[3]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 261 ф.
  3. 3,0 3,1 Дудайты Г.Д. Бихъаргом. – Цхинвал: Республика, 2012 – 76 с.

Литературæ ивын