Хуыбылтæ (уырыс. Хубуловы, Хубулашвили, Хубулури, гуырдз. ხუბულაშვილი, ხუბულური[1]) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Раджы заманы Дзауы комы Гыццыл Гуфтайы хъæуы цард иу лæг, йæ ном Хуыбыл. Уымæн уыд цыппар фырты: Джио, Коко, Магко æмæ Гасси. Цалынмæ сывæллæттæ стыр кодтой, уæдмæ Хуыбыл цардис æнцад æнцойæ. Фæлæ йæ фырттæ куы бахъомыл сты, уæд сæ алчидæр йæхицæн æрдомдта зæхх. Фыдæн йæ бон нæ уыдис йæ фырттæн алкæмæн дæр зæххы хай рахицæн кæнын. Уымæ гæсгæ стæрхон кодта, цæмæй йæ зæххытæй макæмæн радта, цæмæй йæм сæ мачи фæхъыг уыдаид. Æфсымæртæ сæ фыдæй сæ бон куы базыдтой, уæд сфæнд кодтой сæхи тыхæй цæрын. Раздæры рæстæджы нæ хъæдтæ сырддæй йедзаг уыдысты. Хуыбылы фырт Коко, дам, уыд тынг хорз цуанон. Иуахæмы, дам, рацыдис Църуйы æфцæджы æрдæм, ныры Църуйы хъæу кæм ис, уырдæм. Куы схæццæ ис, уæд хъæды астæу ссардта æрдуз. Лæгæн ам йæ зæрдæмæ фæцыдис, йæ фыдæн загъта йæ фæндон æмæ ардæм цæрынмæ ралыгъд, Афтæ Коко æрцардис Църуйы, æмæ уым йæ номæй рацыдис Кокойты мыггаг. Кокойтæн сæ иу хай алыгъд Чъимасы доны фаллаг фарсмæ æмæ уым æрцард, фæзындис дзы Чъимасы хъæу.

Джио та алыгъдис Стыр Гуфтамæ. Джиойæн уыд бирæ фырттæ æмæ ныппырх сты алырдæм. Ацы мыггæгтæ дардтой кæрæдзимæ æрвадæлты зæрдæ. Ацы мыггæгтæн фыдæлтæй фæстæмæ бар нæ уыдис кæрæдзийæ чызг курын. Фæтк фехæлдтой Гасситæ æмæ Кокойтæ, æмæ сæ иннæтæ сæ фынгмæ нал хуыдтой. Байуæрсты фæстæ Хуыбылы фырттæ кадæн сæ зиан хастой Гыццыл Гуфтамæ, кæм фæнды ма рцыдаид зиан — Цъоны æви Цъорбисы, уæддæр. Ацы хъуыддаг зын уыд, фæлæ фæтк фехалын йæ сæрмæ ничи хаста. Иуахæмы та Цъонæй зиан рацæй ластой Гыццыл Гуфтамæ. Леуахийы дон уыдис ивылд æмæ зианджынтæн сæ мард фæласта. Уæд батæрхон кодтой хистæртæ, цæмæй алчи йæ зианы ныгæна йæхи хъæуы.

Раздæр Хуыбылы фырттæ æмæ сæ цæуæт иууылдæр цыдысты сæхи фæдзæхсынмæ Гуфтайы дзуармæ. Æрвадæлтæ тынг хызтой сæхи фыдбылызæй. Мыггагæй тæрхон кодтой æмæ-иу азымджыны, Гуфтайы фидары цы уæрм ис, уым ныппæрстой. Æмæ-иу æй уым фæдардтой, цалынмæ-иу йæ рæдыдыл басаст, уæдмæ. Бузалайы хъæуккаг Гасситы Ефим нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæ фыдæлтæ уыдысты гыццыл гуфтайæгтæ. Раджы заманы Хуыбылы фыдæлтæ схæцыдысты Касаты мыггагимæ. Касатæ бирæ уыдысты æмæ ныццагътой Хуыбылы фыдæлты. Аирвæзтис ма дзы æрмæст иу сылгоймаг — йæ мад. Ус йæхи бар нæ уыдис æмæ бамбæхстис лæгæты. Уым ын райгуырдис лæппу. Усæн æххуыс кодта хæрзгæнæг сылгоймаг, хаста йын хæринаг лæгæтмæ сусæгæй. Касаты мыггаг базыдтой, се знæгтæй ма удыгас чидæр кæй аирвæзт. Агурын æй райдыдтой. Иу ахæмы та ус хъуамæ ахастаид лæгæтмæ хæринаг. Фæндагыл ыл амбæлдысты агурджытæ, усы бафарстой, сывæллон, дам, кæм æмбæхст ис. Хинæйдзаг ус асайдта агурджыты, загъта сын, зæгъгæ сывæллоны йæхæдæг федта æмæ тынг фыдуынд уыдис: йæ æфсæртæ кæрæдзимæ нæ цыдысты, йæ былтæ, дам хуыйы былты хуызæн сты, æмæ, дам, æй йæ мад доны баппæрста. Усы радзырд фехъусгæйæ, агурджытæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, стæй дзы иу афтæ бакодта, «Уæдæ уый хуы былой куы уыдис». Уый адыл агурджытæ фæстæмæ ацыдысты. Хинæйдзаг ус куыддæр фæхицæн агурджытæй, афтæ лæгæты балæууыд. Радзырдта усæн агурджыты хабар. Иу тар æхсæвы идæдз ус æд сывæллон фæлыгъдис йæ лæгæтæй æмæ æрцардис Гыццыл Гуфтайы. Афтæ сывæллоныл баззадис йе знæгты æвæрд ном — Хуыбыл. Хуыбыл уым слæг ис, ракуырдта ус, райгуырд ын цыппар фырты: Коко, Джио, Магко æмæ Гасси. Уыдон æрцардысты алы рæтты: Коко — Църуйы, Джио — Стыр Гуфтайы, стæй уырдыгæй йæ мыггаг ныппырхис алы рæтты: Цъоны, Моргойы, Барсы. Магко æрцардис Къодибыны, Гасси та — Бузалайы. Адоны нæмттæй рауади мыггæгтæ: Кокойтæ, Гасситæ, Джиотæ, Магкотæ. Фыдæлтæй фæстæмæ нымад цæуынц æрвадæлтыл. Сæ фыдæл Хуыбыл кæй уыд, уымæй дæр у бæрæг æмæ Джиоты мыггагæй сылгоймаг ныртæккæ дæр хонынц Хуыбылон. Ис ма сын иу мыггаг æрвадæлтæ — Битетæ. Фæлæ ацы мыггаджы хонынц æрхæссæггаг. Джио кæдæмдæр ацыдис æмæ Къуыдаргомы кæмдæр ссардта сывæллон æмæ йæ æрхаста сæхимæ. Ном ыл сæвæрдта — Бите. Тугæй хæстæг сын нæ уыдис, фæлæ хорз лæг кæй рацыдис, уый тыххæй йæм æрвадæлты цæстæй кастысты. Афтæ баззадис се ’рвадæлтыл нымад, Битейы номыл цы мыггаг равзæрд, уый — Битетæ.

Джиоты мыггаджы-иу фыдыфыртæй хуыдтой Джеритæ. Уый та уымæн, æмæ Джиотæн иу лæгæн зæнæг нæ цыдис æмæ æркодта сывæллонджын ус. Гуырдзиагау ахæм æрхæссæггаг сывæллон хуыдтой гери, уырдыгæй рауад ном Джери, йæ мыггаг та йын схуыдтой Джиотæй, сывæллон йæхæдæг та уыдис Тедетæй. Джериты фыдыфырты цæуæт уыдысты тынг зæнджын, арæхсджын, фæлæ æнамонд разындысты, сæ зæнæг бирæ нæ цардис.[1]

Цымыдиссаг ивын

Цымыдисаг у, кæй чысайнаг мыггаг Хуыбылтæ сты Джиотæ, Остъатæ, Гасситæ æмæ æндæр æрвæдæлон мыггæгты иу хай. Ацы мыггагæн сæ иумиаг фыдæл Хуыбыл хуындис. Æмæ цымыдисаг куыннæ у, Хуыбылæй равзæргæ мыггæгтæн сæ фылдæр хай къуыдайраг кæй сты, йæхи ном йын чи хæссы, уыдон та — чысайнаг. Æвæццæгæн, Хуыбылтæ сты, чысаны ирон фыдæлтæ Чысангомы зæххыл цы къуыдайраг (рагон туаллаг) цæрджыты æрыййæфтой æмæ ассимиляци кæй скодтой, ахæм конкретон мыггæгтæй иу.[2]

Номдзыд Хуыбылтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Дзиццойты Юри. Чысайнаг ныхасыздæхты цыбыр афыст. — Цхинвал, «Хуссар Алани», 2008.

Литературæ ивын

  • Агънаты Æхсар. Иуæй-иу дзырдты равзæрд. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1993. — С. 137.
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 165–167.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 129-131.