Ацæг
Ацæг — алæмæты аргъау «Фæныкгуыз Ацæджы» сæйраг архайæг, æртæ æфсымæрæй кæстæр. Уый, фæныкгуыз уæвгæйæ, йе ’фсымæртæй разынд зондджындæр æмæ хъаруджындæр. Йæ фыды мард уый бахъахъхъæдта Сау, Сырх æмæ Урс уæйгуытæй. Уый сæ амардта. Сæ бæхтæ æмæ хæцæнгæрзтæ сын бафæсвæд кодта… Æмæ æртыккаг бон Мæликк куы фехъусын кодта, мæ иунæг чызджы авдбынатон мæсыджы сæр сæвæрдзынæн, йæ къухы дардзæн йæ къухсæрфæн æд къухдарæн, чи йын сæ раскъæфа, уымæн æй дæттын, зæгъгæ, уæд ын уыцы хæс сæххæст кæнын бантыст уæйгуыты бæхты фæрцы, уæлдайдæр та Урс уæйыджы бæхы фæрцы. Иннæ бæхтæ æд хæцæнгæрзтæ балæвар кодта йе ’фсымæртæн æмæ йæхицæн усæн æрхаста Мæличчы чызджы.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.