Байцатæ (уырыс. Байцаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Мыггаг равзæрдис Фæснæлы хъæуы цæрæг Хъуыбадты мыггагæй. Хъубадты Тазæретæн йæ ус уыд Асеты чызг. Райгуырд ын æртæ фырты: Байца, Хрома æмæ Гапбо. Хрома æмæ Гапбо Фæснæлæй фæлыгъдысты: Хрома — Чырыстонхъæумæ, Гапбо — Гæлиатмæ. Байца цæргæйæ баззад Фæснæлы. Æфсымæртæ сæ мыггæгтæ сæ нæмттæй схуыдтой: Фæснæлы — Байцатæ, Гæлиаты — Гапбатæ, Чырыстонхъæуы — Хроматæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 40.