Фæснæл
Фæснæл кæнæ Дæллаг Фæснæл[2], дыгуронау Фæснæли Æрдозæ[3] (Фæснæлы Æрдуз) у хъæу Дыгургомы.
Хъæу | |
Фæснæл | |
---|---|
уырыс. Фаснал | |
42°56′09″ с. ш. 43°49′04″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрæфы район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↗74[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекстæ | 363515 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Истори
ивынФæснæли æрдозæн ма ес æндæр нæмттæ дæр, хонунцæ ма ’й «Дæллаг Фæснæл», «Дууæ дони» æма «Къанторæ». Аци æртæ номемæй сæ еуебæл Дигоргоми цæргутæй еске бафæрсæ, æма дин байамондзæнæй еци еу рауæнмæ — Фæснæли Æрдозæмæ.
«Дæллаг Фæснæл» хуннуй уой туххæй; æма ма и коми ес Уæллаг Фæснæли гъæу дæр, æвæрд æй Сонгути донæн æ рахес фарс, бæрзонд Хонсари. «Дууæ дони» ба хуннуй, Сонгути дон æма Сарди дони æхсæн æвæрд ке ’й, уомæ гæсгæ; «Къантори» ном ба ’й адæм хонунцæ, 1905-аг анзи уалæнгæ Бельгий акционерти къанторæ (канцеляри) аци æрдози ке адтæй, уой туххæй.
Фæснæли Æрдози бунат æй æндзæри, дууæ комей æхсæн, æ рахес фарс уайуй Сонгути дон, æ галеу фарс ба — Сарди дон (аци дон дæлдæр æфтуйуй Сонгути донбæл).
Æрдози алли фарс ци уæлмæрдтæ, циртдзæвæнтæ æма обæйттæ ес, етæ бæззунцæ æвдесæнæн, ами рагон рæстæгути дæр адæмтæ ке цардæнцæ, уой туххæй.
1905-аг анзæй 1950 анзи уалæнгæ аци Æрдози бундорон цæрæг нæбал адтæй, ка си цæридæ, етæ ба адтæнцæ рæстæгмæ цæргутæ. Бельгиаг акционертæ Æрдози æгъзæлинсæн фабрикæ ку аразтонцæ, уæд си цæрунмæ æма косунмæ арæзт æрцудæй фондз дууæуæладзугон хæдзари дæр. 1905-аг анзи фабрикæ партизанти амундмæ гæсгæ пурхгонд ку æрцудæй, уæд æ аразунбæл ка куста, уонæн уордигæй ледзгæ æрцудæй. Уой фæсте бельгиæгти хæдзæрттæй медхонхи цæргутæ пайда кодтонцæ, адтæй си скъола. Октябри революций фæсте скъола фæуустурдæр кодтонцæ, уæдта ма си адтæй сæйгæдонæ, реутæ дзæбæх кæнуни туххæй санатори, милици хайадæ, цардæнцæ си геологтæ æма æндæр рæстæгмæ цæргутæ дæр.
Уæлдæр ранимад кустуæттæ Фæснæлæй ку раеуварс æнцæ, уæд ма ами цæргæ байзадæнцæ æртæ бийнонти, æндæр си цæрæг нæбал адтæй. Фал 1950-1980 æнзти ба и дууæ æрдоземæ дæр фæрсаг гъæутæй æрлигъдæнцæ беретæ æма абони дæр цæрунцæ.[4]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу, Алания, 1999. 211-æм ф.
- ↑ Цховребова З. Д. Ойконимия Осетии. Юго-Осетинский научно-исследовательский институт им. З. Н. Ванеева. Цхинвал, 2003. 63 С.
- ↑ Дуккаг Æрдозæ ке хонæн, еци будур æвæрд æй рагон Фæснæлæн æ цæгатварс, Сарди дон æма Сонгути донæн сæ галеу фарс. Аци Æрдози 1970 анзи размæ цæрæн хæдзæрттæ арæзт нæма адтæй, хонхи цæргутæ си пайда кæнун байдæдтонцæ, куд цæрæн бунат, уотæ 1970 анзи фæсте.