Балкайнаг цæдис
- Ацы уац хæстон-политикон цæдисы тыххæй у. Æвзæгты цæдисы тыххæй кæс Балкайнаг æвзæгты цæдис
Балкайнаг цæдис (Балканы лигæ дæр) у Болгари, Серби, Грекъ æмæ Черногорийы хæстон-политикон цæдис Турчы ныхмæ арæзт Балканы хæстыты рæстæг (1912—1913).
Италийы-турчы хæст (1911—1912) куы фæци, Балканы бæстæты хицæуттæ бамбæрстой, сæ ныхмæлæууыны æрхайд баиу кæнын кæй хъæуы, уый. Уыцы хъуыды, Уæрæсейы империйы разæнгардæй, 1912-æм азы 13 мартъийы сси Болгари æмæ Сербийы ’хсæн кæрæдзийы хъахъхъæныны тыххæй бадзырд. Уый хуызæн бадзырдтыл фæстæдæр сæ къухтæ æрфыстой Грекъ æмæ Черногорийы хицæуттæ дæр. Афтæ сæвзæрди балканы бæстæты альянсты хыз, Турчы (æмæ фактон æгъдауæй Австри-Венгрийы) ныхмæ.
Италиимæ хæсты фæстиуæгæн Турчы паддзахад тынг фæлæмæгъдæр, уыдис дзы мидæг быцæуттæ дæр. Уымæй пайда кæнгæйæ, 1912-æм азы 8 октябры Черногори расидти Турчы ныхмæ хæст. 13 октябры æндæр цæдисон паддзахæдтæ дæр Туркмæ бадардтой ультиматумтæ, стæй 17 октябры расидтысты хæст. Афтæ Балканы Фыццаг хæст райдыдта.
Уыцы хæсты Балкайнаг цæдисы æфсæдтæн бантыст осмайнаг æлдариуæгæй европæйаг зæххытæ ссæрибар кæнын.
Фæлæ цæдисы æнтыстдзинад дард нæ ахæста — райдыдтой цæдисонты ’хсæн быцæуттæ Македони æмæ Добруджæ дихкæнынады тыххæй. Уымæй райдыдта Дыккаг Балкайнаг хæст: Болгари æрбабырста Грекъ æмæ Сербимæ, уыцы дыууæйæн та баххуыс кодтой Румыни æмæ Турк. Болгари фембылды, хæсты фæстиуæгæн уый бахъуыди æндæр паддзахæдтæм раттын ахсджиаг сахар Одрин (ныр дæр Турчы), Хуссар Добруджæ æмæ æндæр зæххытæ.