Балканы Фыццаг хæст

Балканы Фыццаг хæст у Балканы цæдисы (Болгари, Серби, Грекъ æмæ Черногорийы) хæст Османты Турчы ныхмæ (19121913), Балканы хæстытæй иу.

Балканы паддзахæдты арæнтæ Балканы цæдисы бындурæвæрды рæстæг, Балканы Фыццаг хæсты агъоммæ

Италиимæ хæсты фæстиуæгæн Турчы паддзахад тынг фæлæмæгъдæр, уыдис дзы мидбыцæуттæ дæр. Уымæй пайда кæнгæйæ, 1912-æм азы 8 октябры Черногори расидти Турчы ныхмæ хæст. 13 октябры æндæр цæдисон паддзахæдтæ дæр Туркмæ бадардтой ультиматумтæ, стæй 17 октябры расидтысты хæст. Афтæ райдыдта Балканы Фыццаг хæст.

Уыцы хæсты Балканы цæдисы æфсæдтæн бантыст османты æлдариуæгæй европæйаг зæххытæ ссæрибар кæнын.

Балканы Фыццаг хæст ныфс лæвæрдта бирæ адæмæн, Балканы регионы æдде дæр. Афтæмæй уырыссаг композитор Василий Агапкин Балканы хæсты цауты фæдыл 1912-æм азы ныффыста йæ номдзыд марш «Славяйнаг сылгоймаджы хæрзбон» (уырыс. Прощание славянки). Агапкин уыцы маршæй ссардта, сæ хæстæджытæ фронтмæ кæмæн ацыдысты, æппæт уыцы славяйнаг сылгоймæгты ном[1]. Тамбоваг композиторы марш ныртæккæ у Тамбовы облæсты гимн.

Балканы Фыццаг хæст куы фæци, цæдисонтæн сæ бон нæ разынд кæрæдзийы ’хсæн ног зæххытæ байуарын æмæ та райдыдта ног хæст, Балканы Дыккаг хæст, Болгарийы йæ хонынц Цæдисонты ’хсæн хæст дæр (болг. Междусъюзническа война). Уый куы фæци (1913), уæд 1914-æм азы райдыдта Фыццаг дунеон хæст.

Литературæ

ивын
  • Жебокрицкий В.А. Болгария накануне Балканских войн 1912 - 1913 гг. — Киев: 1960.
  • Жогов П.В. Дипломатия Германии и Австро-Венгрии и Первая Балканская война. — Москва: 1969.
  • Петросян Ю.А. Османская империя: могущество и гибель. Исторические очерки. — Москва: 1990.
  • Писарев Ю.А. Великие державы и Балканы накануне Первой мировой войны. — Москва: 1986.
  • Хальгартен Г. Империализм до 1914 года. Социологическое исследование германской внешней политики до Первой мировой войны. — Москва: 1961.
  • Балканские народы и европейские правительства в XVIII — начале ХХ в.. — Москва: Документы и исследования, 1982.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. «Уходили мы в бой и в изгнание с этим маршем на пыльных губах»(недоступная ссылка). Солнечный ветер. Датæ: 2009-æм азы 28 февралы. Архив 2008-æм азы 23 декабры.