Грекъ[1] (гр. Ελλάδα [ɛˈlaða]) кæнæ Гречъы Республикæ (гр. Ελληνική Δημοκρατία [eliniˈkʲi ðimokraˈtia]) у Европæйы паддзахад, Европæйы Цæдис æмæ НАТО-йы уæнг. Гречъы фæзуат ахсы Балканы æрдæгсакъадахы хуссайраг хай æмæ 2 мин сакъадахы, æмæ æдæппæтæй у 131 940 км² (дунейы 94-æм). Цæрынц дзы 10 964 020 (2003-æм азы; уымæй у дунейы 70-æм).

Гречъы Республикæ
Ελληνική Δημοκρατία
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Ἐλευθερία ἤ Θάνατος»
«Сæрибардзинад кæнæ мæлæт»
Гимн: «Ύμνος εις την Ελευθερίαν»
Официалон æвзаг грекъаг
Сæйраг сахар Афинæтæ
Стырдæр сахартæ Афинæтæ, Салоники
Хицауиуæджы хуыз Парламентон республикæ
Территори
 • Æдæппæт 131 940 км²
 • Доны уæлцъары % 0,86
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 10 772 967 ад.
 • Æнгомад 85,3 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2004) 223,5 млрд. долл.
Валютæ евро
Интернет-домен .gr[1]
Код ISO GR
ÆОК-ы код GRE
Телефонон код +30
Сахатон таг +2
  1. Æмæ .eu, куыд Европæйы Цæдисы уæнг.
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Административон æгъдауæй дихгонд у 13 зылдыл (хуыйнынц периферитæ), периферитæ та дихгонд сты лыстæгдæр иуæгтыл — 51 префектурæйыл.

Грекъ йæ хæдбардзинады бон бæрæг кæны 6 апрелы. Хæдбар паддзахад сси 1821-æм азы, Османты империйæ йæхи ссæрибар кæнгæйæ.

Нырыккон Грекъ у дунейы ахсджиагдæр туристон бæстæтæй иу. Грекъ экспорт кæны хъæууон хæдзарады продукци. Гречъы компанитæм ис дунейы базарадон наутæй сæ фылдæр хай.

Истори

ивын

Рагон Грекъ

ивын

Рагон Грекъ нымад у ныгуылæн цивилизацийы авдæныл. Нæ эрæйы агъоммæ III миназонмæ ’ввахс Криты сакъадахы фæзындис размæцыд минойаг цивилизаци, фæстæмæ сæ культурæ фæхæлиу ис материкыл. Фæстæдæр райдыдта критаг-микенаг (æндæр ныхасæй эгейаг) цивилизацийы дуг. Фæзындысты грекъаг полистæ; Стыр Грекъ, Къаннæг Ази æмæ Цæгат Сау денджызы былыл антикон колонитæ дæр.

Полистæ Афинæтæ æмæ Спартæ фæуæлахиз сты Персийыл, фæлæ сæ уый фæстæ Фивтæ ныппырх кодтой.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Русско-осетинский словарь: около 25 000 слов/сост. В.И. Абаев. — Изд. 3-е. Владикавказ: Ир, 2013 — 487 с.